Ӕртыццӕг, 24 сентябрь
Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм (Фил. 3:16).
Чи зоны, фехъуыстай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй чидӕртӕ Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй райдыдтой. Ӕмӕ ма, чи зоны, ахӕм хабӕрттӕ уый фӕстӕ дӕр хъусдзынӕ. Зӕгъӕм, чидӕртӕ ахуыр кодтой Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы кӕнӕ та ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ. Кӕд дӕ уавӕртӕ амонынц, уӕд ды дӕр дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр. Йегъовӕйы адӕм иу ран нӕ лӕууынц ӕмӕ сӕ алкӕддӕр фӕфӕнды фылдӕр аразын (Хъуыд. 16:9). Фӕлӕ, чи зоны, ныртӕккӕ дӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, цӕмӕй ахӕм нысӕнттӕм тырнай. Уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ ды иннӕтӕй ӕвзӕрдӕр дӕ. Сӕйраг у, цӕмӕй фидар уай ӕмӕ дӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорай (Матф. 10:22). Ма рох кӕн, Йегъовӕ тынг кӕй аргъ кӕны, дӕ уавӕрты дӕ бон цы у, уый кӕй аразыс, уымӕн. Дарддӕр дӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд донаргъуыды фӕстӕ дӕр ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕудзынӕ (Пс. 26:1). w24.03 10 ф., 11 абз.
Цыппӕрӕм, 25 сентябрь
Йӕ хӕларзӕрдӕйӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ иууылдӕр ныххатыр кодта (Кол. 2:13).
Нӕ уӕларвон Фыд нын зӕрдӕ ӕвӕры, куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн (Пс. 86:5). Уӕдӕ нӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн. Хъуамӕ нӕ рох ма уа: Йегъовӕ тызмӕг Хуыцау нӕу, уый у ӕмбаргӕ. Уый нӕ, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр никуы фӕдомы. Йегъовӕ фӕаргъ кӕны, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразӕм, уымӕн. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, ахӕм рагон лӕггадгӕнджытыл дӕр, зӕгъӕм, апостол Павелыл. Уый бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта. Мингай километртӕ фӕцыди, ӕмӕ йӕ фӕрцы фӕзынд бирӕ ног ӕмбырдтӕ. Фӕлӕ стӕй йӕ уавӕртӕ фӕивтой, ӕмӕ йӕ бон нал уыд, раздӕр цас хъусын кодта, уыйбӕрц хъусын кӕнын. Цымӕ дзы Йегъовӕ райгонд нал уыд? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Павел дарддӕр дӕр, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, ӕмӕ йын Йегъовӕ арфӕ кодта (Хъуыд. 28:30, 31). Махӕн дӕр нӕ уавӕртӕ фӕивынц, ӕмӕ нӕ бон куы фылдӕр вӕййы аразын, куы та – къаддӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн сӕйрагдӕр у, цӕмӕн ын лӕггад кӕнӕм, уый. w24.03 27 ф., 7, 9 абз.
Майрӕмбон, 26 сентябрь
[Йесо] райсомӕй раджы... ацыд хибар ранмӕ ӕмӕ уым куывта (Мар. 1:35).
Йесо Йегъовӕмӕ куыд куывта, уымӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн у фӕзминаг. Зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ Хуыцаумӕ тынг арӕх куывта. Арӕх-иу ӕй ӕппындӕр ницӕмӕуал ӕвдӕлди, стӕй-иу йӕ разы уыди тынг бирӕ адӕм. Ӕмӕ-иу ӕй кувынӕн хъуыди рӕстӕг рахицӕн кӕнын (Мар. 6:31, 45, 46). Райсомӕй-иу раджы сыстад, цӕмӕй-иу хибарӕй Йегъовӕмӕ скуывтаид. Ӕппынкъаддӕр иу хатт та ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕкуывта ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ (Лук. 6:12, 13). Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв та цалдӕр хатты куывта, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыди кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын, йӕ зӕххон лӕггады ӕппӕты зындӕр саразын цы уыд, уый (Матф. 26:39, 42, 44). Мах дӕр фӕнды Йесойы бафӕзмын. Цыфӕнды ӕнӕвдӕлон куы уӕм, уӕддӕр-иу нӕ хъӕудзӕн кувынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын. Чи зоны-иу нӕ бахъӕудзӕн кӕнӕ райсомӕй раджы сыстын, кӕнӕ та изӕрӕй гыццыл фӕстӕдӕр схуыссын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу Йегъовӕ фендзӕн, уыцы диссаджы лӕварӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм. w23.05 3 ф., 4, 5 абз.