Къуырисӕр, 29 сентябрь
Амондджын у, Хуыцау йӕ фыдракӕнд кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕд кӕмӕн ныххатыр кодта (Пс. 32:1).
Ахъуыды-иу кӕн, дӕхи Йегъовӕйӕн цӕмӕн снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд цӕмӕн райстай, ууыл. Афтӕ уымӕн бакодтай, ӕмӕ дӕ бафӕндыд Йегъовӕйы фарс слӕууын. Ӕрхъуыды-ма кӕн, куыд бамбӕрстай, рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уӕд Йегъовӕйы базыдтай, ӕмӕ дӕ уӕларвон Фыды бауарзтай. Фӕзынди дӕм уырнындзинад ӕмӕ дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтай. Стӕй де ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътай ӕмӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын райдыдтай. Хуыцау дын дӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кодта, уый куы бамбӕрстай, уӕд дӕуӕй амондджындӕр нал уыд (Пс. 32:2). Ды райдыдтай ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ, цы диссаджы хабӕрттӕ базыдтай, уыдоны тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын. Уый фӕстӕ дӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд райстай. Ныр цӕуыс, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл, ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайыс, цӕмӕй дзы ма ахизай (Матф. 7:13, 14). Уӕдӕ ӕнӕфӕцудгӕ у, Йегъовӕйы алкӕддӕр уарз ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕм хъус. w23.07 17 ф., 14 абз.; 19 ф., 19 абз.
Дыццӕг, 30 сентябрь
Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат (1 Кор. 10:13).
Исты дӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый. Уый фӕрцы-иу дӕм хъарутӕ фӕзындзӕн, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый ма саразай. Зӕгъӕм, искӕй цардӕмбалмӕ дзӕгъӕл дзырдӕппарӕнтӕ нӕ кӕндзынӕ ӕмӕ дӕхи йемӕ афтӕ нӕ дардзынӕ, цыма дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Ды Йегъовӕйӕн дзырд радтай, ахӕм митӕ кӕй никуы кӕндзынӕ. Уӕд, чи не ’мбӕлы, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ дӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ нӕ ауадздзысты ӕмӕ дӕ нӕ хъӕудзӕн семӕ тох кӕнын, ӕмӕ дӕхи мастӕй бахиздзынӕ. «Фыдгӕнджыты фӕндагӕй» дӕхи «дард айсдзынӕ» (Ӕмб. 4:14, 15). Йесойыл-иу ахъуыды кӕн. Уый алкӕддӕр фӕндыд алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды зӕрдӕ рухс кӕнын. Йӕ цӕвиттон дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу дӕхицӕн уайтагъд ӕмӕ фидарӕй зӕгъай, дӕхи кӕмӕн снывонд кодтай, уыцы Хуыцауы зӕрдӕ кӕй ницӕмӕй фӕриссын кӕндзынӕ (Матф. 4:10; Иоан. 8:29). Фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлай кӕнӕ дӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд дын уыдзӕн фадат, цӕмӕй равдисай, кӕй дӕ фӕнды ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕуын. Ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕр ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн. w24.03 9, 10 фф., 8–10 абз.
Ӕртыццӕг, 1 октябрь
Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... у... коммӕгӕс (Иак. 3:17).
Ӕнцон дын вӕййы алы хатт коммӕгӕсдзинад ӕвдисын? Паддзах Давидӕн уый алкӕд ӕнцон нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ куывта: «Мӕ зӕрдӕйы [мын] ссудз зынг, цӕмӕй мӕ фӕнда дӕ коммӕ кӕсын» (Пс. 51:12). Давид Йегъовӕйы уарзта, фӕлӕ-иу ын уӕддӕр хатт зын уыд йӕ коммӕ кӕсын. Ӕмӕ махӕн дӕр уый хатт зын вӕййы. Цымӕ цӕмӕн? Фыццаг уый, ӕмӕ нӕ туджы рахастам ӕнӕххӕстдзинад, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй арӕх нӕ фӕфӕнды иннӕты коммӕ кӕсын. Дыккаг: Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕуӕм, уый йӕ ныхмӕ куыд рацыд, афтӕ (2 Кор. 11:3). Ӕртыккаг: нӕ алыварс адӕм сты ӕгоммӕгӕс, ӕмӕ ныл сӕ зондахаст бандавы (Еф. 2:2). Уӕдӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй тох кӕнӕм не ’нӕххӕстдзинады, Хӕйрӕджы ӕмӕ ацы дунейы ныхмӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ, цавӕрдӕр бартӕ кӕмӕн радта, уыдоны коммӕ кӕсӕм. w23.10 6 ф., 1 абз.