Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ
7–13 ОКТЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИАКОВЫ 3–5
«Хуыцауы зондӕй кӕй архайыс, уый дӕ цардӕй бӕрӕг уӕд»
(Иаковы 3:17) Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг, ӕмбаргӕ, коммӕгӕс, ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын, хъулон никӕй кӕны, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ.
«Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» дӕ царды ахады?
9 «Фыццагдӕр у сыгъдӕг». Сыгъдӕг уай, уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ чъизи куыд нӕ уай, куыд ницы фӕд дыл уа,– ӕмӕ канд ӕддейӕ нӕ – ахӕм хъуамӕ уай мидӕгӕй дӕр. Зонд Библийы арӕх баст вӕййы зӕрдӕимӕ, фӕлӕ уӕларвон зондӕн йӕ бон нӕу, чъизи хъуыдытӕ, чъизи фӕндтӕ ӕмӕ бӕллицтӕй йемыдзаг зӕрдӕйы ӕрбынат кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 2:10; Матфейы 15:19, 20). Нӕ зӕрдӕ сыгъдӕг куы уа (ӕнӕххӕст уӕвгӕйӕ цас гӕнӕн ис, уыйбӕрц), уӕд «иуварс здӕхдзыстӕм фыддзинадӕй, ӕмӕ хорз кӕндзыстӕм» (Псалом 36:27; Ӕмбисӕндтӕ 3:7). Цымӕ уӕдӕ зонды ӕууӕлтӕй фыццаг сыгъдӕгдзинад кӕй лӕууы, уый исты диссаг у? Уӕвгӕ, не ’фсарм ӕмӕ нӕ удварн Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг куы нӕ уа, уӕд нын уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонды иннӕ ӕууӕлтӕ дӕр куыд хъуамӕ зыной?
10 «Уый фӕстӕ фӕрнӕйдзаг». Уӕларвон зонд нӕ разӕнгард кӕны Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъ – фарн, кӕнӕ фидыддзинад – агурынмӕ (Галатӕгтӕм 5:22). Мах алы ӕгъдауӕй дӕр нӕхи хизӕм, Иегъовӕйы адӕмы кӕрӕдзиуыл чи бӕтты, уыцы «фарны ӕмдзинад» фехалынӕй (Ефесӕгтӕм 4:3, НФ). Фарн кӕм фӕцуды, уым та, нӕ бон цы у, уымӕй архайӕм йӕ раздахыныл. Цӕмӕн хъӕуы уый афтӕ ӕхсызгонӕй кӕнын? «Ут... фӕрнӕйдзаг: ӕмӕ уарзондзинады ӕмӕ фарны Хуыцау уыдзӕн сымахимӕ»,– дзуры нын Библи (2 Коринфӕгтӕм 13:11, НФ). Уӕдӕ цалынмӕ иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрӕм, уӕдмӕ Хуыцауы фарн уыдзӕн немӕ. Иегъовӕ нӕм цы цӕстӕй кӕсдзӕн, уый, не ’муырнджытимӕ куыд стӕм, растдӕр уымӕй аразгӕ у. Фарнхӕссӕг адӕймӕгтӕ кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ.
(Иаковы 3:17) Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг, ӕмбаргӕ, коммӕгӕс, ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын, хъулон никӕй кӕны, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ.
«Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» дӕ царды ахады?
12 «Ӕмбаргӕ». Цавӕр адӕймаджы ис ӕмбаргӕ схонӕн? Библииртасӕг ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Иаковы 3:17 «ӕмбаргӕ»-йӕ ивд грекъаг дзырд ӕндӕр ӕвзагмӕ раивын ӕнцон нӕу. Алы тӕлмацты ивд ӕрцыд ахӕм дзырдтӕй: «уӕздан», «бонзонгӕ» ӕмӕ «ӕрхъуыдыджын». Ацы грекъаг дзырд комкоммӕ амоны «ӕнцондзырд». Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонды ацы фӕзилӕн нӕ царды кӕй ахады, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
«Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» дӕ царды ахады?
14 «Коммӕгӕс». Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕндӕр никуы ӕмбӕлы «коммӕгӕс»-ӕй ивд рагон грекъаг дзырд. Библииртасӕг ахуыргӕндтӕй иуы хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы дзырдӕй «арӕх пайда кодтой ӕфсӕддонты царды». Йӕ хъуыды у «ӕнцонӕртасынгӕнӕн», «ӕнӕуӕлдайдзырд». Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондӕй чи архайы, уый ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕны, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый. Йӕ рӕдыд кӕмӕн бацамоной, фӕлӕ уӕддӕр йӕхион чи кӕна, ахӕм нӕу. Зӕгъгӕ, раст кӕй нӕ хъуыды кӕны, уый йын Библийӕ равдыстой, уӕд йӕ хъуыды аивынмӕ цӕттӕ у. Дӕу дӕр ахӕм адӕймагӕй зонынц?
«Ӕххӕст хорзӕхӕй ӕмӕ хорз дыргътӕй»
15 «Ӕххӕст хорзӕхӕй ӕмӕ хорз дыргътӕй». Хорзӕх у уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонды ахсджиаг фӕзилӕн, уымӕн ӕмӕ дзы афтӕ загъдӕуы, «ӕххӕст у хорзӕхӕй», зӕгъгӕ. Кӕс ма, «хорзӕх» ӕмӕ «хорз дыргътӕ» фӕрсӕй-фӕрстӕм лӕууынц. Ӕмӕ уый хуымӕтӕджы, мыййаг, нӕу афтӕ: Библимӕ гӕсгӕ хорзӕх арӕхдӕр амоны иннӕтыл хъуыддагӕй тыхсын, искӕй тӕригъӕдӕй нӕ зӕрдӕ ӕнцад куы нӕ лӕууа ӕмӕ сын уыйадыл бирӕ хӕрзты куы цӕуӕм. Иу бӕрӕгуат дзырд «хорзӕх» ӕмбарын кӕны афтӕ: «адӕймаджы бӕллӕхыл хъыг кӕнын ӕмӕ йын истӕмӕй баххуыс кӕнын». Уӕдӕ уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд ӕнӕмӕт, уазалзӕрдӕ кӕнӕ афтид зондджын ныхӕстӕй нӕу. Уый мидӕг ис зӕрдӕйы хъарм, у ӕрхъуыдыджын ӕмӕ иннӕйы рыст ӕмбарӕг. Кӕд уыдзӕн уый зӕгъӕн, ӕмӕ хорзӕхӕй ӕххӕст стӕм?
(Иаковы 3:17) Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг, ӕмбаргӕ, коммӕгӕс, ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын, хъулон никӕй кӕны, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ.
«Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» дӕ царды ахады?
18 «Ӕнӕхӕрам». Хуыцауы зонд кӕмӕ ис, уый, цы адӕмӕй у, уымӕй йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕсдзӕн кӕнӕ кӕцыдӕр расӕтӕм хӕрамы зӕрдӕ нӕ дардзӕн. Уӕдӕ кӕд уыцы зондӕй архайӕм, уӕд никӕй хъулон кӕндзыстӕм – ахӕм марг уидаг нӕ зӕрдӕйӕ ӕдбындзар стондзыстӕм (Иаковы 2:9). Зӕгъӕм, ахуыргонд чи у, йӕ дзыпп кӕмӕн амоны кӕнӕ ӕмбырды бӕрндзинад кӕуыл ис, уыдоны хъулон уарзт нӕ кӕндзыстӕм; стӕй не ’муырнджытӕй нӕхи уӕлдӕр никӕмӕй ӕвӕрдзыстӕм, чифӕнды, цыфӕнды мӕгуыр уӕд. Уӕвгӕ, кӕд сӕ Иегъовӕ уарзы, уӕд афтӕ куыд хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ мах уарзты аккаг не сты?
19 «Ӕнӕ цӕстмӕми». Ацы дзырдӕй цы рагон грекъаг дзырд раивдӕуыд, уый амоны «театры цыдӕр ролы хъазӕг артист». Кӕддӕры заманты-иу Греци ӕмӕ Ромы артисттӕ сценӕйыл хъазгӕйӕ скодтой дынджыр кӕнгӕ цӕсгӕмттӕ. Уымӕ гӕсгӕ «цӕстмӕхъусӕй» ивд грекъаг дзырдӕй хуыдтой фӕлывд адӕймаджы, хъазты рӕстӕг-иу хӕрӕмттӕ чи кодта, ахӕмы. Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонды ацы ӕууӕл ӕрмӕст уымӕй хъуамӕ ма уа бӕрӕг, ӕмӕ иннӕтимӕ куыд стӕм, фӕлӕ сӕм цы зӕрдӕ дарӕм, уымӕй дӕр.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Иаковы 4:5) Ӕви уӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Фыстад дзӕгъӕлы зӕгъы: «Нӕ мидӕг цы хӕлӕг ӕрцард, уый ӕппынӕдзух цӕмӕдӕрты бӕллы»?
Ахсджиаг хъуыдытӕ Иаковы ӕмӕ Петры фыстӕджытӕй
4:5 – Иаков ам цавӕр стих ӕрхаста? Иаков ам цавӕрдӕр бӕлвырд стих не ’рхаста. Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, бындуриуӕг кӕнынц, Райдианы 6:5; 8:21; Ӕмбисӕндты 21:10 ӕмӕ Галатӕгтӕм 5:17 цы сӕйраг хъуыды ис, ууыл.
(Иаковы 4:11, 12) Ме ’фсымӕртӕ, кӕрӕдзийӕ ӕвзӕр мауал дзурут. Йе ’фсымӕрӕй ӕвзӕр чи дзуры кӕнӕ йын тӕрхон чи кӕны, уый ӕвзӕр дзуры закъонӕй ӕмӕ тӕрхон кӕны закъонӕн. Ӕмӕ кӕд ды закъонӕн тӕрхон кӕныс, уӕд та закъон ӕххӕстгӕнӕг нӕ дӕ, фӕлӕ тӕрхонгӕнӕг. О, фӕлӕ ис ӕрмӕстдӕр иу закъонӕвӕрӕг ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг – уымӕн йӕ бон у фервӕзын кӕнын дӕр ӕмӕ фесафын дӕр. Фӕлӕ ды та чи дӕ, ӕмӕ иннӕмӕн тӕрхон кӕнай?
w98 1/4 28 ф., 8 абз.
Уырнындзинад нӕ разӕнгард кӕны фӕразондзинадмӕ ӕмӕ кувынмӕ
8 Ӕмуырнджыты фыдкой кӕнын у тӕригъӕд (Иаковы 4:11, 12, НФ). Фӕлӕ иуӕй-иутӕ, сӕхи рӕстдзинадыл ӕппындӕр дызӕрдыг нӕ кӕнгӕйӕ кӕнӕ иннӕты ныллӕггӕнгӕйӕ, сӕхи сбӕрзонд кӕныны фӕндонӕй ӕфсымӕрты хъӕндзинӕдты кой фӕкӕнынц (Псалом 49:20; Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:29). Грекъаг дзырд, кӕцы тӕлмац у «фыдкой кӕнынӕй», нысан кӕны хӕрамдзинад ӕмӕ йӕ ӕмбарын хъӕуы куыд ӕгӕргӕнӕн кӕнӕ мӕнг дау. Уый у ӕфсымӕрыл тӕрхон кӕныны хуызӕн. Куыд ис гӕнӕн ‘ӕфсымӕры фыдкой кӕнын ӕмӕ Хуыцауы закъоныл тӕрхон кӕнын’? Чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ ‘Хуыцауы фӕдзӕхст ныууагътой’ ӕмӕ сӕхи сӕрмагонд ӕгъдӕутты бындурыл тӕрхон кодтой (Маркы 7:1–13). Кӕд мах, Иегъовӕ кӕуыл нӕ тӕрхон кӕны, уыцы ӕфсымӕрыл тӕрхон кӕнӕм, уӕд цымӕ ‘Хуыцауы закъоныл’ нӕ тӕрхон кӕнӕм ӕмӕ закъоны хъӕндзинад куы агурӕм, уӕд уый тӕригъӕд нӕ уыдзӕн? Ӕфсымӕрыл ӕнаххосӕй тӕрхонгӕнгӕйӕ та нӕ бон нӕу уарзондзинады закъон ӕххӕст кӕнын (Ромӕгтӕм 13:8–10).
Библийӕ бакӕсинаг
(Иаковы 3:1–18) Ме ’фсымӕртӕ, ахуыргӕнджытӕ уе ’ппӕт дӕр хъуамӕ ма суат, уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, Хуыцау махӕн карздӕр тӕрхон кӕй кӕндзӕн. 2 Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм. Ныхасӕй чи нӕ рӕдийы, уый та у алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йӕ буары ӕппӕт уӕнгты рохтыл дӕр хӕцын. 3 Цӕмӕй бӕхтӕ нӕ коммӕ кӕсой, уый тыххӕй сын сӕ дзыхы бакӕнӕм идоны къӕбӕлтӕ, ӕмӕ уӕд нӕ бар фӕцӕуы сӕ буарыл ӕгасӕй дӕр. 4 Науӕд наутӕ дӕр кӕд тынг стыр сты ӕмӕ сӕ тыхджын дымгӕ размӕ хӕссы, уӕддӕр сӕ хӕрз гыццыл фыййагӕй наутӕрӕгӕн йӕ бон у, кӕцырдӕм ӕй фӕфӕнды, уыцырдӕм азилын. 5 Гъе афтӕ ӕвзаг дӕр, гыццыл уӕнг йеддӕмӕ нӕу, фӕлӕ ӕппӕлынмӕ уый хуызӕн нӕй. Ӕнӕхъӕн хъӕдыл арт бандзарынӕн чысыл зынг йеддӕмӕ нӕ хъӕуы. 6 Уӕдӕ ӕвзаг дӕр у зынг. Иннӕ уӕнгтимӕ абаргӕйӕ ӕвзаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр у фыдбылыз, уымӕн ӕмӕ чъизи кӕны буар ӕгасӕй дӕр ӕмӕ адӕймаджы цардыл арт бафтауы, йӕхӕдӕг та ссудзы гееннӕйӕ. 7 Адӕймагӕн йӕ бон у ӕрцахуыр кӕнын алы сырды мыггаг ӕмӕ алы маргъы мыггаг дӕр, стӕй уӕд хилджыты ӕмӕ денджызы цӕрӕгойты се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ ахуыр дӕр ӕркӕны. 8 Фӕлӕ ӕвзаг никӕй бон у ӕрцахуыр кӕнын. Уый ахӕм фыдбылыз у, ӕмӕ йын бауромӕн нӕй, йӕ тӕккӕ дзаг у мӕлӕтхӕссӕг маргӕй. 9 Уымӕй арфӕ кӕнӕм Йегъовӕйӕн, нӕ Фыдӕн, ӕмӕ уымӕй ӕлгъитӕм, «Хуыцаумӕ гӕсгӕ» чи ӕрцыд фӕлдыст, уыцы адӕмы. 10 Уыцы иу дзыхӕй рацӕуы арфӕ дӕр ӕмӕ ӕлгъыст дӕр. Афтӕ хъуамӕ ма уа, ме ’фсымӕртӕ. 11 Уыцы иу суадонӕй хорз дон ӕмӕ маст дон фӕкӕлы? 12 Науӕд, ме ’фсымӕртӕ, легъуибӕласыл оливӕбӕласы гагатӕ ӕрзайы, сӕнӕфсирыл та – легъуитӕ? Уӕдӕ цӕхджын суадонӕй дӕр адджын дон нӕ фӕкӕлы. 13 Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у? Равдисӕд ӕй йӕ хъуыддӕгтӕй – йӕ хорз ӕгъдауӕй ӕмӕ зондӕй райгуыргӕ фӕлмӕн ахастӕй. 14 Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕйы ис хӕлӕг ӕмӕ уӕ зӕрдӕ загъд агуры, уӕд уӕхицӕй ма ӕппӕлут ӕмӕ рӕстдзинадӕй мӕнг ма дзурут. 15 Уый уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд нӕу, фӕлӕ зӕххон, хъӕддаг, хӕйрӕджытӕй. 16 Уымӕн ӕмӕ хӕлӕг ӕмӕ загъд кӕм ис, уым нӕдӕр уаг ис, нӕдӕр ӕгъдау, ис дзы алы ӕвзӕрдзинад. 17 Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг, ӕмбаргӕ, коммӕгӕс, ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын, хъулон никӕй кӕны, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ. 18 Уымӕй уӕлдай, рӕстдзинады мыггаг тыд ӕрцӕуы ӕмӕ тыллӕг ӕрхӕссы, фарн кӕм ис, уым ӕмӕ, фарн чи уарзы, уыдонӕн.
14–20 ОКТЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 1 ПЕТРЫ 1, 2
«Ут сыгъдӕг»
(1 Петры 1:14, 15) Ут коммӕгӕс сывӕллӕттӕ ӕмӕ, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд цы монцты фӕдыл цыдыстут, уыдоны фӕдыл мауал цӕут. 15 Ӕмӕ уӕ чи ӕрхуыдта, уый Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг.
Чырыстийы нывонд – нӕ Фыды «ӕнӕфау лӕвар»
5 Йегъовӕйы номӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Нӕ цардӕй. Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй уӕм сыгъдӕг. (Бакӕс 1 Петры 1:15, 16.) Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ хъусӕм. Нӕ ныхмӕ куы цӕуой, суанг уӕд дӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй йын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый куы аразӕм, уӕд нӕ рухс дӕрдтыл кӕлдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ном кадджын кӕндзыстӕм (Матф. 5:14–16). Сыгъдӕг цард кӕй кӕнӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы закъӕттӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты, Хӕйрӕг та мӕнгдзурӕг кӕй у. Куы фӕрӕдийӕм,– ӕнӕрӕдигӕ та ничи у,– уӕд дӕр зӕрдӕбынӕй ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ, Йегъовӕйы ном чи ӕгад кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм (Пс. 79:9).
(1 Петры 1:16) Фыст дӕр афтӕ у: «Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг».
Куыд ис хорз ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕн?
6 Павел Ромы чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Уӕ буӕрттӕ тӕригъӕды къухмӕ ма дӕттут». Стӕй ма сын загъта, зӕгъгӕ, «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ... марут» (Ромӕгтӕм 6:12–14; 8:13). Гыццыл раздӕр йӕ фыстӕджы ранымадта, ахӕм хъуыддӕгтӕм цы хауы, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, тӕригъӕдджын адӕмы тыххӕй ныффыста: «Сӕ дзыхӕй ӕлгъыст... йеддӕмӕ ницы цӕуы» (Ромӕгтӕм 3:13–18).Чырыстон адӕймаг тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ куы кӕна, уӕд ын йӕ буар «ӕнӕсахъат» схонӕн нал уыдзӕн. Дзырдӕн, кӕд порнографимӕ кӕнӕ, тыхми ӕмӕ алы ӕвирхъау хабӕрттӕ кӕм февдисынц, ахӕм кинотӕм ӕмӕ передачӕтӕм кӕсы, уӕд йӕ цӕстытӕ дӕтты «тӕригъӕды къухмӕ» ӕмӕ афтӕмӕй йӕ буар ӕгасӕй дӕр чъизи кӕны. Ахӕм адӕймаг Хуыцауы номыл цыфӕнды ма араза, уӕддӕр ын Хуыцау йӕ нывонд сыгъдӕгыл нал нымайдзӕн ӕмӕ йын ӕй нал исдзӕн (Дыккаг закъон 15:21; 1 Петры 1:14–16; 2 Петры 3:11). Цӕй стыр аргъ бафидынц, ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕ чи равзары, уыдон!
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(1 Петры 1:10–12) Уыцы ирвӕзындзинады хабар пехуымпартӕ лӕмбынӕг иртӕстой ӕмӕ йӕ бамбарыныл архайдтой. Ӕмӕ уыдон дзырдтой, сымах Хуыцауы стыр хорзӕхӕй кӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккат, уый тыххӕй. 11 Уыдон ӕдзух иртӕстой, хайджын кӕмӕй уыдысты, уыцы сыгъдӕг тых сын Чырыстийы тыххӕй цы афонмӕ ӕмӕ цавӕр рӕстӕгмӕ амыдта, уый. Сыгъдӕг тых сын дзырдта, Чырыстимӕ цы хъизӕмӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ каст ӕмӕ уый фӕстӕ цы диссаджы хабӕрттӕ хъуамӕ ’рцыдаид, уыдӕтты тыххӕй. 12 Уыцы пехуымпартӕн Хуыцау раргом кодта, сӕхицӕн кӕй нӕ лӕггад кодтой, фӕлӕ сымахӕн. Лӕггад та уын уымӕй кодтой, ӕмӕ уын, ныртӕккӕ кӕй зонут, уыцы хабӕрттӕ фехъусын кодтой, уӕларвӕй ӕрвыст сыгъдӕг тыхы фӕрцы уын хорз хабар чи радзырдта, уыдоны руаджы. Зӕдты дӕр тынг фӕнды уыцы хабӕрттӕ бамбарын.
Ахсджиаг хъуыдытӕ Иаковы ӕмӕ Петры фыстӕджытӕй
1:10–12. Зӕдты фӕндыд раиртасын ӕмӕ бамбарын, Хуыцауы пехуымпартӕ рагзаманты сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды тыххӕй цы арф хъуыдытӕ ныффыстой, уый. Фӕлӕ уыцы хабӕрттӕ раргом сты, Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды уылты архайын куы райдыдта, ӕрмӕстдӕр уӕд (Еф. 3:10). Уӕдӕ цымӕ мах дӕр хъуамӕ зӕдты ма фӕзмӕм ӕмӕ «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» иртасыныл ма архайӕм? (1 Кор. 2:10).
(1 Петры 2:25, фип.) Сымах уыдыстут дзӕгъӕл фысты хуызӕн, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут, уӕ удтӕ уын чи хъахъхъӕны, уыцы фыййаумӕ.
it-U «Надзиратель», дӕлсӕргонд «Верховный надзиратель»
Цӕстдарӕг
Сӕйраг цӕстдарӕг. Апостол Петр, ӕвӕццӕгӕн, дзуры, Исай 53:6 стихы кӕй кой кодта, уыдоны тыххӕй – «дзӕгъӕл фысты» тыххӕй (1Пт 2:25). Стӕй Петр зӕгъы: «Фӕлӕ ныр раздӕхтыстут, уӕ удтӕ уын чи хъахъхъӕны [грекъ. эпи́скопос], уыцы фыййаумӕ». Ӕвӕццӕгӕн, ам дзырд цӕуы Йегъовӕ Хуыцауыл, уымӕн ӕмӕ Петр кӕмӕ фыста, уыдон Йесойӕ нӕ аздӕхтысты ӕмӕ сӕ «дзӕгъӕл» схонӕн нӕ уыд; уыдон Йесойы уылты баввахс сты Йегъовӕ Хуыцаумӕ, Стыр Фыййаумӕ (Пс 23:1; 80:1; Йер 23:3; Йез 34:12). Йегъовӕйы ма цӕстдарӕг уый тыххӕй схонӕн ис, ӕмӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕсы (Пс 17:3). Хъуыддӕгтӕм-иу куы ӕркаст (грекъ. эпископе́), уӕд-иу йӕ бон уыд карз тӕрхон рахӕссын. Ахӕм тӕрхон хаст ӕрцыд Иерусалимӕн нӕ эрӕйы 1 ӕнусы, «уымӕн ӕмӕ [йӕм] Хуыцау бӕрӕггӕнӕг кӕд ӕрцыд, уыцы рӕстӕг нӕ базыдта [грекъ. эпископе́с]» (Лк 19:44). Фӕлӕ хорз тӕрхон дӕр рахӕссы. Зӕгъӕм, «хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕса, уыцы бон [грекъ. эпископе́с]» ӕй чи кадджын кӕндзӕн, уыдонӕн раарфӕ кӕндзӕн (1Пт 2:12).
Библийӕ бакӕсинаг
(1 Петры 1:1–16) Петр, Йесо Чырыстийы апостол, фыссы, Понтмӕ, Галатимӕ, Каппадокимӕ, Азимӕ ӕмӕ Вифинимӕ чи фӕлыгъд, уыцы рӕтты рӕстӕгмӕ чи цӕры, уыцы ӕвзӕрстытӕм. 2 Ӕвзӕрст кӕй ӕрцӕудзыстут, уый нӕ Фыд Хуыцау бирӕ раздӕр аскъуыддзаг кодта ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй, цӕмӕй коммӕгӕс уат ӕмӕ уыл Йесо Чырыстийы туг пырхгонд ӕрцӕуа. Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ноджы фылдӕр хайджын цы уат, уыцы арфӕ уӕ уӕд. 3 Табу нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыдӕн. Уый йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ мах ногӕй райгуырын кодта ӕмӕ нын радта удӕгас ныфс, Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уый фӕрцы, 4 цӕмӕй райсӕм, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, сыгъдӕг чи у ӕмӕ рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм бынтӕ. Уыцы бынтӕ уӕлӕрвты ӕвӕрдӕй лӕууынц сымахӕн – 5 уырнындзинад уӕм кӕй ис, уый фӕрцы уӕ Хуыцау йӕ тыхӕй хъахъхъӕны, цӕмӕй уӕ фервӕзын кӕна. Уыцы ирвӕзындзинад цӕттӕ у, цӕмӕй кӕроны рӕстӕджы раргом уа. 6 Ӕмӕ уый сымахӕн стыр цины хос у, кӕд алыхуызон фӕлварӕнты тыххӕй иуцасдӕр фӕхъизӕмар кӕнут, уӕддӕр. 7 Уый уымӕн хъӕуы, цӕмӕй уӕ фӕлвӕрд уырнындзинады фӕрцы, арты кӕй бафӕлварынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕфгӕ чи кӕны, уыцы сызгъӕринӕй бирӕ зынаргъдӕр чи у, уыцы уырнындзинады фӕрцы, разынат раппӕлыны, кады ӕмӕ намысы аккаг, Йесо Чырысти куы раргом уа, уӕд. 8 Сымах кӕд Чырыстийы уынгӕ дӕр никуы фӕкодтат, уӕддӕр ӕй уарзут. Ӕмӕ йӕ кӕд ныртӕккӕ дӕр нӕ уынут, уӕддӕр ыл ӕууӕндут ӕмӕ, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр цинӕй цин кӕнут, 9 уымӕн ӕмӕ йӕ фидарӕй зонут, уӕ уырнындзинад уӕ ирвӕзындзинадмӕ кӕй ӕркӕндзӕн. 10 Уыцы ирвӕзындзинады хабар пехуымпартӕ лӕмбынӕг иртӕстой ӕмӕ йӕ бамбарыныл архайдтой. Ӕмӕ уыдон дзырдтой, сымах Хуыцауы стыр хорзӕхӕй кӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккат, уый тыххӕй. 11 Уыдон ӕдзух иртӕстой, хайджын кӕмӕй уыдысты, уыцы сыгъдӕг тых сын Чырыстийы тыххӕй цы афонмӕ ӕмӕ цавӕр рӕстӕгмӕ амыдта, уый. Сыгъдӕг тых сын дзырдта, Чырыстимӕ цы хъизӕмӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ каст ӕмӕ уый фӕстӕ цы диссаджы хабӕрттӕ хъуамӕ ’рцыдаид, уыдӕтты тыххӕй. 12 Уыцы пехуымпартӕн Хуыцау раргом кодта, сӕхицӕн кӕй нӕ лӕггад кодтой, фӕлӕ сымахӕн. Лӕггад та уын уымӕй кодтой, ӕмӕ уын, ныртӕккӕ кӕй зонут, уыцы хабӕрттӕ фехъусын кодтой, уӕларвӕй ӕрвыст сыгъдӕг тыхы фӕрцы уын хорз хабар чи радзырдта, уыдоны руаджы. Зӕдты дӕр тынг фӕнды уыцы хабӕрттӕ бамбарын. 13 Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд ӕгасӕй дӕр саразут ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ут къӕрцхъус. Уӕ ныфс дарут, Йесо Чырысти куы раргом уа, уӕд уын Хуыцау цы стыр хорзӕхӕй бахай кӕндзӕн, ууыл. 14 Ут коммӕгӕс сывӕллӕттӕ ӕмӕ, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд цы монцты фӕдыл цыдыстут, уыдоны фӕдыл мауал цӕут. 15 Ӕмӕ уӕ чи ӕрхуыдта, уый Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг. 16 Фыст дӕр афтӕ у: «Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг».
21–27 ОКТЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 1 ПЕТРЫ 3–5
«Тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон»
(1 Петры 4:7) Фӕлӕ тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон. Уымӕ гӕсгӕ ут ӕмбаргӕ ӕмӕ уӕ ма рох кӕнӕд кувын.
Ма уӕ рох кӕнӕд кувын
ӔХСӔВЫГӔТТЫ-ИУ чи куыста, иу ахӕм нӕлгоймаг загъта: «Ӕхсӕвы хъал уай, уый ӕппӕты зындӕр вӕййы боныцъӕхты тӕккӕ размӕ». Ӕмӕ, цӕйдӕр тыххӕй ӕхсӕв фынӕй кӕнӕн кӕмӕн нӕ вӕййы, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, ацы ныхӕстимӕ сразы уыдзысты. Абон мах дӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ ахӕм уавӕры стӕм, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕджы фыддунейӕн йӕ кӕрон ӕрхӕстӕг (Ром. 13:12). Уымӕй фыддӕр ма цы хъуамӕ уа, ӕмӕ ныр бафынӕй уӕм! Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ нӕ кувын ма рох кӕна (1 Пет. 4:7).
(1 Петры 4:8) Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны.
w99-U 15/4 22 ф., 3 абз.
Куыд базонӕн ис, адӕймагӕн йӕ уырнындзинад кӕй ӕрлӕмӕгъ ӕмӕ йӕ куыд бафидар кӕнӕн ис
Ахсджиаг у апостол Петры ныхӕстӕ зӕрдыл дарын: «Тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон. Уымӕ гӕсгӕ ут ӕмбаргӕ ӕмӕ уӕ ма рох кӕнӕд кувын. Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны» (1 Петры 4:7, 8). Нӕхи кӕнӕ искӕй хъӕндзинӕдтӕн уый бар куы дӕттӕм, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕ ӕмӕ зондыл ӕндавой, уӕд нын ӕнцонтӕй суыдзысты къуылымпыйы хос. Хӕйрӕг уый тынг хорз зоны ӕмӕ архайы, цӕмӕй чырыстӕтты иудзинад фехала. Уӕдӕ хъуамӕ «Хӕйрӕгӕн фадат ма дӕттӕм», фӕлӕ кӕрӕдзи ӕцӕг уарзтӕй уарзӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм (Ефесӕгтӕм 4:25–27).
(1 Петры 4:9) Уӕ кӕрӕдзийы-иу ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй суазӕг кӕнут.
Уазӕгуарзондзинад – ӕнӕмӕнг чи хъӕуы ӕмӕ циндзинад чи хӕссы, уыцы миниуӕг!
2 Петр чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй-иу «кӕрӕдзийы... суазӕг кодтаиккой» (1 Пет. 4:9). Дзырд «уазӕгуарзондзинад»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ нысан кӕны «хӕларзӕрдӕдзинад ӕцӕгӕлӕттӕм». Фӕлӕ ацы ран Петр ӕцӕгӕлӕтты суазӕг кӕныны кой нӕ кодта, фӕлӕ чырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй-иу «кӕрӕдзийы», ома, хорз кӕй зыдтой ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы иумӕ кӕимӕ архайдтой, уыдоны, суазӕг кодтаиккой. Цымӕ сын уый куыд баххуыс кодтаид?
3 Уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кодтаиккой. Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Исчи дӕ йӕхимӕ уазӕгуаты куы фӕхоны, уӕд дын ӕхсызгон нӕ вӕййы, уӕ рӕстӕг иумӕ кӕй арвитут, уый? Ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр уазӕгуаты искӕй фӕхоныс? Кӕд о, уӕд тынгдӕр нӕ балымӕн вӕййут? Ӕцӕгдӕр, де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты хуыздӕр базонай, уымӕн хорз мадзал у уазӕгуарзондзинад ӕвдисын. Петры рӕстӕджы чи цард, уыцы чырыстӕтты хъуыди кӕрӕдзиимӕ ӕнгомдӕр кӕнын, уымӕн ӕмӕ царды уавӕртӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодтой. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис махӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм «фӕстаг бонты» (2 Тим. 3:1).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(1 Петры 3:19) Гъемӕ ацыд ӕмӕ хъусын кодта, ахӕстоны чи ис, уыцы ӕнӕуынгӕ тыхтӕн,
Кӕсджыты фарстатӕ
Библи дзуры, Йесо кӕй «хъусын кодта, ахӕстоны чи ис, уыцы ӕнӕуынгӕ тыхтӕн» (1 Пет. 3:19). Уый куыд ӕмбаргӕ у?
▪ Апостол Петр ацы стихы кӕны, «Нойы рӕстӕджы Хуыцаумӕ чи нӕ байхъуыста», уыцы ӕнӕуынгӕ тыхты кой (1 Пет. 3:20). Петр дзырдта, Сайтанимӕ Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдты тыххӕй. Иудӕ дӕр загъта, «йӕ фыццаджы бынат чи нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ цӕрӕнбынат чи ныууагъта», уыцы зӕдты Хуыцау «ӕнусон рӕхыстӕй бастӕй [кӕй] дары саудалынджы, стыр тӕрхоны бонмӕ» (Иуд. 6).
Нойы бонты уыцы зӕдтӕ ӕгоммӕгӕс цы хъуыддаджы разындысты? Доны хъаймӕты размӕ уыцы фыдгӕнӕг зӕдтӕ сарӕзтой, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ фӕцыд, ахӕм хъуыддаг – адӕймаджы буӕрттӕ райстой (Райд. 6:2, 4). Ноджы фыддӕр та уый уыд, ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ ӕмуат кӕй ӕрцыдысты. Хуыцау зӕдты афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй-иу сылгоймӕгтимӕ ӕмуат ӕрцыдаиккой (Райд. 5:2). Уыцы фыдгӕнӕг, ӕгоммӕгӕс зӕдты Хуыцау йӕ афоныл фесафдзӕн. Ныр та уал, Иудӕ куыд ныффыста, афтӕмӕй сты «саудалынджы», раст цыма ахӕстоны сты, афтӕ.
«Ахӕстоны чи ис, уыцы ӕнӕуынгӕ тыхтӕн» Йесо кӕд ӕмӕ куыд хъусын кодта? Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ уый уыд Йесо, «уӕларвон буары» куы райгас, уӕд (1 Пет. 3:18, 19). Петр ма ныффыста, зӕгъгӕ, Йесо «хъусын кодта». Петр ацы мивдисӕг ивгъуыд афоны кӕй загъта, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы хабар ӕрцыд, йӕ фыццаг фыстӕг куы нӕма ныффыста, уӕд. Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй Йесо, куы райгас, уый фӕстӕ фыдгӕнӕг зӕдтӕн фехъусын кодта, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый. Ныфсы хабар сын нӕ хъусын кодта, фӕлӕ тӕрхоны хабар (Ионӕ 1:1, 2). Йесойӕн фидар уырнындзинад кӕй уыд, мӕлӕты онг Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй баззад ӕмӕ йӕ стӕй кӕй райгас кодта, уымӕй бӕрӕг уыди, Хӕйрӕджы бар ыл кӕй нӕ цыд, ӕмӕ йӕ бон кӕй уыд ахӕм карз тӕрхон фехъусын кӕнын (Иоан. 14:30; 16:8–11).
Фидӕны Йесо Сайтаны ӕмӕ фыдгӕнӕг зӕдты сбӕтдзӕн ӕмӕ сӕ дӕлдзӕхы ныппардзӕн (Лук. 8:30, 31; Рарг. 20:1–3). Уӕдмӕ та уыцы ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ сты «саудалынджы» ӕмӕ сӕ кӕрон бӕлвырд у (Рарг. 20:7–10).
(1 Петры 4:6) Мӕрдтӕн дӕр хорз хабар уымӕн хъусын кодтой, цӕмӕй, кӕд сын адӕм ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнынц, уӕддӕр Хуыцауы цӕсты цӕрой сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ.
Ахсджиаг хъуыдытӕ Иаковы ӕмӕ Петры фыстӕджытӕй
4:6 – Хорз хабар кӕмӕн хъусын кодтой, уыцы мӕрдтӕ чи сты? Уыцы мӕрдтӕ сты, цалынмӕ хорз хабар нӕ фехъуыстой, уӕдмӕ йӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ мард чи уыд йе та Йегъовӕйӕ дард чи уыд, уыдон (Еф. 2:1). Гас та уыцы хуызы раисты, ӕмӕ хорз хабарыл куы баууӕндыдысты, уӕд Йегъовӕмӕ баввахс сты.
Библийӕ бакӕсинаг
(1 Петры 3:8–22) Уӕдӕ иууылдӕр ут иу зондыл хӕст, иннӕты рыст уӕм хъарӕд, ӕфсымӕрты уарзут, кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ут сӕрныллӕг, 9 ӕвзӕр ӕвзӕрӕй ма фидут ӕмӕ уын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны ма ӕфхӕрут, фӕлӕ семӕ уӕзданӕй ныхас кӕнут, уымӕн ӕмӕ хуынд дӕр уымӕ ӕрцыдыстут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уын хай уыдзӕн хорздзинӕдтӕй. 10 «Цард чи уарзы ӕмӕ амондджынӕй цӕрын кӕй фӕнды, уый йӕхи уромӕд, йӕ дзыхӕй ӕвзӕрдзинад куыд нӕ цӕуа ӕмӕ йе ’взагыл мӕнг ныхас куыд нӕ уа. 11 Йӕхи хизӕд ӕвзӕрдзинадӕй ӕмӕ аразӕд хорздзинад, архайӕд иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл ӕмӕ уымӕ тырнӕд. 12 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм. Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдонӕн та Йегъовӕ сӕ ныхмӕ у». 13 Уӕвгӕ, хорз хъуыддӕгтӕм куы тырнат, уӕд уын ӕвзӕрӕй чи цы ракӕндзӕн? 14 Фӕлӕ уӕ кӕд рӕстдзинады тыххӕй хъизӕмар кӕнын дӕр бахъӕуа, уӕддӕр амондджын уыдзыстут. Иннӕтӕ цӕмӕй тӕрсынц, уымӕй та ма тӕрсут, стӕй ма тыхсут. 15 Уӕ зӕрдӕты Чырыстийы нымайут Хицауыл ӕмӕ кады аккагыл ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ ут, уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ. Ӕрмӕст сын дзуапп дӕттут сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй. 16 Уӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд, цӕмӕй, уӕ ныхмӕ цыфӕнды ма дзурой, уӕддӕр, уӕ ныхмӕ чи дзуры, уыдонмӕ худинаг ӕркӕса, уӕ хорз чырыстон уаг ӕмӕ ӕгъдау уынгӕйӕ. 17 Кӕд Хуыцау бауадза, цӕмӕй хорз хъуыддӕгты тыххӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзарат, уӕд ӕвзӕр хъуыддӕгты бӕсты фӕлтау хорз хъуыддӕгты тыххӕй ӕвзарут хъизӕмӕрттӕ. 18 Чырысти дӕр ӕрмӕстдӕр иу хатт амард тӕригъӕдты тыххӕй – рӕстгӕнӕг фыдгӕнджыты тыххӕй,– цӕмӕй уӕ Хуыцаумӕ ӕркӕна. Адӕймаг уӕвгӕйӕ йӕ амардтой, фӕлӕ райгас уӕларвон буары. 19 Гъемӕ ацыд ӕмӕ хъусын кодта, ахӕстоны чи ис, уыцы ӕнӕуынгӕ тыхтӕн, 20 кӕддӕр, Нойы рӕстӕджы, Хуыцаумӕ чи нӕ байхъуыста, уыдонӕн. Уӕд Хуыцау фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, цалынмӕ нау арӕзт ӕрцыдаид, уӕдмӕ. Уыцы нау цалдӕр адӕймаджы, бӕлвырдӕй та аст уды, рахаста доны сӕрты, ӕмӕ аирвӕзтысты. 21 Афтӕ у донаргъуыд дӕр, ныр уӕ уый ирвӕзын кӕны, Йесо Чырысти кӕй райгас, уый фӕрцы. Донаргъуыд буары чъизитӕ ӕрӕхсын нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕй кӕй курут, цӕмӕй уын йӕ разы сыгъдӕг цӕсгом уа, уый. 22 Йесо ссыд уӕларвмӕ ӕмӕ ныр ис Хуыцауы рахиз фарс, ӕмӕ йын Хуыцау йӕ дӕлбар бакодта зӕдты, хицӕутты ӕмӕ барджынты.
28 ОКТЯБРЫ – 3 НОЯБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 2 ПЕТРЫ 1–3
«Йегъовӕйы боны ӕрцыд... алкӕддӕр уӕ зӕрдыл дарут»
(2 Петры 3:9, 10) Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕныныл фӕстиат нӕ кӕны, кӕд иуӕй-иутӕ уый фӕстиатыл нымайынц, уӕддӕр, фӕлӕ уын быхсы, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат. 10 Йегъовӕйы бон та ӕрцӕудзӕн, давӕг куыд ӕрцӕуы, афтӕ. Уӕд арв гыбаргыбургӕнгӕ ӕвиппайды фӕцыдӕр уыдзӕн, арв ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон сзынг уыдзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты, зӕхх ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон та раргом уыдзысты.
Йегъовӕ алцыдӕр рӕстӕй равзардзӕн
11 Фӕлӕ куыд ӕмбаргӕ сты Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕн «ӕвӕстиатӕй»? Хуыцауы Ныхас ӕвдисы, «кӕд [Йегъовӕ] тагъд нӕ кӕны, уӕддӕр», афон куы ’рцӕуа, уӕд архайдзӕн ӕвӕстиатӕй (Лукайы 18:7, 8; 2 Петры 3:9, 10). Нойы бонты Доны хъаймӕт куы ’рцыд, уӕд фыддуне фесӕфт ӕвӕстиатӕй. Афтӕ уыд Лоты бонты дӕр – зынгӕй къӕвда уарын куы райдыдта, уӕд фыддзинад фесӕфт. Йесо загъта: «Афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы фӕзына, уыцы бон дӕр» (Лукайы 17:27–30). Ныр дӕр та фыддзинад фесӕфдзӕн ӕваст (1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 3). Уӕдӕ фидарӕй ӕууӕндӕм: Йегъовӕ Сайтаны дунейӕн иу бон дӕр уӕлдай нӕ ратдзӕн.
(2 Петры 3:11, 12) Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд-ма ахъуыды кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион хъуамӕ уат, 12 Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ алкӕддӕр уӕ зӕрдыл даргӕйӕ! Уыцы бон арв арты басудздзӕн, арв ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон та сзынг уыдзысты ӕмӕ батайдзысты.
«Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у»
18 Уӕдӕ диссаг нӕу, апостол Петр нӕ кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ хъуыдыйы дарӕм «Йегъовӕйы боны ӕрцыд»! Уымӕн цы хъӕуы? Иу уый, ӕмӕ хъуамӕ сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уӕм (2 Петры 3:11, 12). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн «Йегъовӕйы боны» ӕрцыдмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Грекъаг дзырдбаст «зӕрдыл дарын» комкоммӕ нысан кӕны «фӕтагъддӕр кӕнын». Ӕцӕг, махӕн нӕ бон нӕу Йегъовӕйы боны ’рцыд фӕтагъддӕр кӕнын. Фӕлӕ ныл уыцы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ рӕстӕг тагъддӕр атӕхдзӕн, Хуыцауы хъуыддаджы куы архайӕм, уӕд (1 Коринфӕгтӕм 15:58).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(2 Петры 1:19) Уымӕ гӕсгӕ ноджы фидардӕрӕй ӕууӕндӕм пехуымпар-ныхасыл. Ӕмӕ сымах хорз кӕнут, уыцы ныхасмӕ – талынг ран, уӕ зӕрдӕты, чи рухс кӕны, уыцы цырагъмӕ – уе ’ргом кӕй здахут, цалынмӕ не сбон уа ӕмӕ сӕууон стъалы нӕ фӕзына, уӕдмӕ.
Ахсджиаг хъуыдытӕ Иаковы ӕмӕ Петры фыстӕджытӕй
1:19 – Чи у «сӕууон стъалы», кӕд фӕзынд ӕмӕ, уыцы хабар кӕй ӕрцыд, уый куыд базонӕм? «Сӕууон стъалы» у Йесо Чырысти, Хуыцауы Паддзахады паддзах куы сси, уый фӕстӕ (Рарг. 22:16). Йесо Паддзах-Мессиа сси 1914 азы, ӕмӕ рабӕрӕг, ног бон кӕй ралӕууыд. Чырысти йӕ хуыз кӕй аивта, уымӕй равдыста, йӕ фидӕны кад ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахадӕн цы бартӕ уыдзӕн, уый. Стӕй ма, Хуыцауы пехуымпар-ныхас раст кӕй у, уый дӕр (Марчы 9:1–3). Ацы ныхасмӕ не ’ргом кӕй здахӕм, уый нын нӕ зӕрдӕтӕ рухс кӕны ӕмӕ, Сӕууон стъалы кӕй фӕзынд, уый зонӕм.
(2 Петры 2:4) Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, тӕригъӕд чи ракодта, уыцы зӕдты Хуыцау ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууагъта: тартармӕ сӕ ныппӕрста ӕмӕ сӕ уым саудалынджы дары тӕрхоны бонмӕ.
Ахсджиаг хъуыдытӕ Иаковы ӕмӕ Петры фыстӕджытӕй
2:4 – Цы у «Тартар» ӕмӕ ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ уырдӕм ӕппӕрст кӕд ӕрцыдысты? Тартар у, ӕрмӕстдӕр зӕдтӕ (адӕм нӕ, фӕлӕ) кӕм конд сты, ахӕм, ахӕстоны хуызӕн, уавӕр. Уый ӕвдисы, уыцы ӕгоммӕгӕс зӕдтӕн сӕ сӕры зонд кӕй ис саудалынджы. Уыдонӕн сӕ бон нӕу бамбарын Хуыцауы диссаджы фӕндтӕ, стӕй сӕ фидӕнӕй ныфс нӕй. Хуыцау ӕгоммӕгӕс зӕдты Тартармӕ «ныппӕрста» Нойы бонты ӕмӕ уыцы ӕгад уавӕры уыдзысты, цалынмӕ сӕ нӕ фесафа, уӕдмӕ.
Библийӕ бакӕсинаг
(2 Петры 1:1–15) Симон Петр, Йесо Чырыстийы цагъар ӕмӕ апостол, фыссы, нӕ Хуыцауы ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы рӕстдзинады руаджы махау зынаргъ уырнындзинадӕй чи схайджын, уыдонмӕ. 2 Хуыцауы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй ноджы фылдӕр хайджын цы уат, уыцы арфӕ уӕ уӕд. Уый тыххӕй та уӕ хъӕуы Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы бӕлвырдӕй базонын, 3 уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау йӕ тыхы фӕрцы рӕдауӕй алцыдӕр радта, цӕмӕй цӕрӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион уӕм. Ӕмӕ нын уыдӕттӕ та рӕдауӕй уымӕн радта, ӕмӕ нӕ йӕ кад ӕмӕ хӕрзӕгъдаудзинады руаджы чи ӕрхуыдта, уый бӕлвырдӕй базыдтам. 4 Уыдӕтты фӕрцы нын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр хорздзинӕдтӕй, цӕмӕй уыдоны фӕрцы сымах Хуыцауы миниуджытӕй схайджын уат. Зӕрдӕ та нын бавӕрдта, ацы дунейы се ’нӕфсарм монцты тыххӕй цы хӕлд хъуыддӕгтӕ кӕнынц, уыдонӕй кӕй фервӕзтыстӕм, уый тыххӕй. 5 Уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт хъарутӕй архайут, цӕмӕй уӕ уырнындзинад баххӕст кӕнат хӕрзӕгъдаудзинадӕй, уӕ хӕрзӕгъдаудзинад – зонындзинӕдтӕй, 6 уӕ зонындзинӕдтӕ – хиуылхӕцындзинадӕй, уӕ хиуылхӕцындзинад – фидардзинадӕй, уӕ фидардзинад – Хуыцауыл иузӕрдион уат, уымӕй, 7 Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стут, уый – ӕфсымӕрты уарзат, уымӕй, ӕфсымӕрты кӕй уарзут, уый та – алкӕй дӕр уарзат, уымӕй. 8 Кӕд уӕм ахӕм миниуджытӕ ис, ӕмӕ уӕм сты уӕлдайджынтӕй, уӕд, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй бӕлвырдӕй цы базыдтат, уымӕ гӕсгӕ архайгӕйӕ уыдзыстут ӕнтыстджын ӕмӕ уӕ къухы бирӕ бафтдзӕн. 9 Ацы миниуджытӕ кӕмӕ не сты, уый та у куырм, йӕ цӕстытӕ ӕхгӕны, цӕмӕй рухс ма уына, ферох дзы ис, Хуыцау ӕй йӕ раздӕры тӕригъӕдтӕй кӕй ссыгъдӕг кодта, уый. 10 Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайут, цӕмӕй, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта ӕмӕ цӕмӕн равзӕрста, уымӕй ӕцӕгдӕр хайджын уат. Афтӕ куы кӕнат, уӕд никуы фӕкӕлдзыстут. 11 Ӕмӕ уӕд ахӕм стыр арфӕдзинадӕй хайджын уыдзыстут, ӕмӕ бацӕудзыстут нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы ӕнусон паддзахадмӕ. 12 Уымӕ гӕсгӕ уын ацы хабӕрттӕ ӕдзухдӕр уӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзынӕн, кӕд сӕ зонут ӕмӕ, цы рӕстдзинад базыдтат, ууыл фидар хӕцут, уӕддӕр. 13 Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ цалынмӕ ацы зӕххон буары дӕн, уӕдмӕ раст кӕй уыдзӕн, цӕмӕй уын ацы хабӕрттӕ уӕ зӕрдыл лӕууын кӕнон ӕмӕ уӕ афтӕмӕй хъал кӕнон, 14 уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, нӕ Хицау Йесо Чырысти дӕр мын куыд загъта, афтӕмӕй, тагъд мӕ зӕххон буарӕй кӕй фервӕздзынӕн. 15 Гъе уый тыххӕй кӕддӕриддӕр ӕппӕт хъарутӕй архайдзынӕн, цӕмӕй мӕ ацыды фӕстӕ уӕхӕдӕг уӕхицӕн ацы хабӕрттӕ уӕ зӕрдыл лӕууын кӕнат.