Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Чи у организацийы сӕр?
    2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
    • Ныв 110 фарсыл

      Доналд Ноуиллс уыд офисы цӕстдарӕг, 20 азы йеддӕмӕ йыл нӕ цыд, афтӕмӕй

      кӕд ӕмӕ Чырысти у «буары сӕр, ома ӕмбырды сӕр»! (Кол. 1:18). Уӕдӕ Доминиканы Республикӕйы Йегъовӕйы адӕм ӕнӕ «сӕрӕй» нӕ баззадысты. Йегъовӕ ӕмӕ сын йӕ организаци дарддӕр дӕр ӕххуыс кодта.

      Миссионертӕ куы ацыдысты, уӕд филиалы цӕстдарӕджы хӕстӕ бабар кодтой 20-аздзыд ӕфсымӕр Доналд Ноуиллсӕн (донаргъуыд райста, 16 азы йыл куы цыд, уӕд). Уый размӕ цалдӕр мӕйы лӕггад кодта районон цӕстдарӕгӕй, фӕлӕ филиалы цы куыст кодта, уый бынтон ног цыдӕр уыд. Ӕфсымӕр Ноуиллс цард Сьюдад-Трухильойы тӕссагдӕр районтӕй иуы, Гвалей, зӕгъгӕ. Йӕ хӕдзары сӕр уыд зестӕй ӕмбӕрзт, йӕ къултӕ уыдысты хъӕдын, йӕ пъол та уыди зӕхбын. Уым йӕхицӕн иу гыццыл офис скодта, ӕмӕ-иу уым куыста. Феликс Мартеимӕ, ӕнӕхъӕн бӕстӕйы цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдонӕн журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» мыхуыр кодтой.

      Ныв 111 фарсыл

      Мимеографыл мыхуыргонд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1958 аз

      Мэри Гласс дӕр ӕфсымӕр Ноуиллсӕн ӕххуыс кодта. Уыцы рӕстӕг йӕ сӕрыхицау Энрике ахӕстоны бадт. Мэри зӕгъы: «Мӕ куысты фӕстӕ-иу изӕры 5 сахатыл ацыдтӕн Ноуиллсы офисмӕ, цӕмӕй-иу „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ трафаретыл ныммыхуыр кодтаин. Уый фӕстӕ-иу Ноуиллс журнал мимеографыл ныммыхуыр кодта. Ӕххуыс ма сын кодта иу хо Сантьягойӕ, фӕсномыгӕй йӕ хуыдтам „зӕд“. Уый-иу журналтӕ сӕвӕрдта, иу-19 литры сой кӕм цыд, ахӕм зестын къоппы. Журналтӕ-иу хъуымацӕй бамбӕрзта ӕмӕ-иу сын сӕ уӕлӕ маниокӕ, картоф кӕнӕ таро ӕрӕвӕрдта. Уӕлейӕ та-иу сӕ кӕттаг голлагӕй ӕрӕмбӕрзта. Стӕй-иу автобусыл бӕстӕйы цӕгат фарсмӕ ацыд ӕмӕ-иу алы ӕмбырдӕн дӕр фӕйнӕ журналы ныууагъта. Алы бинонтӕ дӕр-иу ӕй радгай истой ӕмӕ-иу ӕй ахуыр кодтой».

      Мэри загъта: «Хъуамӕ тынг къӕрцхъус уыдаиккам, уымӕн ӕмӕ хицауады кусджытӕ уынгты разил-базил кодтой, цӕмӕй, журнал „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ кӕм мыхуыр кодтам, уый базыдтаиккой. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр нӕ базыдтой. Йегъовӕ нӕ алы хатт дӕр хъахъхъӕдта».

      Рамкӕ 112, 113 фӕрстыл
  • Ӕрцахсынӕй сын тӕссаг уыд
    2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
    • ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

      Ӕрцахсынӕй сын тӕссаг уыд

      «Кӕлмытау уӕхи хъахъхъӕнут, бӕлӕттау ут ӕнӕхин»

      Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн хъусын кӕныны бар куы нӕ уыд, уыцы зын рӕстӕджыты сӕ ӕнӕмӕнг хъуыди уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Уыцы азты дӕргъы ӕфсымӕртӕй бирӕты ӕрцахстой ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны цалдӕр хатты дӕр сбадын кодтой.

      Хуанитӕ Борхес радзырдта: «Ӕз рӕстдзинад базыдтон 1953 азы, ӕмӕ йӕ хорз ӕмбӕрстон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уый тыххӕй мын ахӕстонмӕ бахауынӕй тӕссаг кӕй уыд. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. 1958 азы ноябры, нӕ хо Энеидӕ Суаресмӕ уазӕгуаты куы уыдтӕн, уӕд нӕм ӕдасдзинады хайады кусджытӕй иу ӕрбацыд, ӕмӕ нӕ фӕаххосджын кодта, ӕмбырд, дам, уын ис, зӕгъгӕ. Нӕ дыууӕйы дӕр ӕртӕ мӕймӕ ахӕстоны сбадын кодтой ӕмӕ нын фӕйнӕ 100 песойы (уыцы рӕстӕг 100 доллӕры) бафидын кодтой».

      Ныв 115 фарсыл

      Ӕдасдзинады хайады кусджытӕм уыди, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй алцыдӕр кӕм уыд фыст, ахӕм списоктӕ.

      Хицауад цынӕ арӕзта, цӕмӕй Ӕвдисӕнтӕ иумӕ мауал ӕмбырд кодтаиккой, фӕлӕ ӕфсымӕрты ницы баурӕдта. Ӕмӕ уӕддӕр хъуамӕ «кӕлмытау сӕхи хъахъхъӕдтаиккой, бӕлӕттау уыдаиккой ӕнӕхин» (Матф. 10:16). Андреа Алмансар загъта: «Ӕмбырдтӕ-иу нын куы уыд, уӕд-иу хъуамӕ иууылдӕр иу афон ма ӕрбацыдаиккам. Нӕ хӕдзӕрттӕм та-иу арӕх ӕнафон ӕрбацыдыстӕм, уымӕн ӕмӕ-иу радгай цыдыстӕм, цӕмӕй-иу цӕсты ма хаудаиккам».

      Херемиас Гласс райгуырд, йӕ фыд Леон ахӕстоны куы бадт, уыцы рӕстӕг. Херемиас хъусынгӕнӕг сси 1957 азы, 7 азы йыл куы цыд, уӕд. Хъуыды ма йӕ кӕны, сӕ хӕдзары-иу сусӕгӕй ӕмбырдтӕ куыд цыдысты ӕмӕ-иу ӕфсымӕртӕ куыд архайдтой, цӕмӕй-иу сӕ мачи базыдтаид. Уый дзуры: «Ӕмбырдмӕ-иу чи ӕрбацыд, уыдонӕй-иу алкӕмӕн дӕр радтой, номыр фыст кӕм уыд, ахӕм гӕххӕтты гӕбаз, цӕмӕй-иу зыдтаиккой, чи сӕ кӕд хъуамӕ ацӕуа, уый. Ӕмбырд-иу куы фӕци, уӕд-иу мӕ мӕ фыд дуаргӕрон слӕууын кодта, цӕмӕй-иу уыцы номыртӕм ӕркастаин ӕмӕ-иу ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты алырдӕмты дыгӕйттӕй арвыстаин».

      Уымӕй уӕлдай ма-иу ӕмбырдтӕ ахӕм афон скодтой, цӕмӕй-иу ӕфсымӕртӕн афтӕ тӕссаг ма уыдаид. Зӕгъӕм, Мерседес Гарсиа рӕстдзинад базыдта йӕ мадыфсымӕр Пабло Гонсалесӕй. Мерседесыл 7 азы йеддӕмӕ нӕ цыд, афтӕ йӕ мад амард, йӕ фыд та уыцы рӕстӕг ахӕстоны бадт. Ӕмӕ авд хойӕ ӕмӕ ӕртӕ ӕфсымӕрӕй иунӕгӕй баззадысты. Мерседес донаргъуыд райста 1959 азы, 9 азы йыл куы цыд, уӕд. Ӕфсымӕр донаргъуыды фӕдыл раныхас радзырдта райсомӕй цыппары ӕрдӕгыл, цӕмӕй сӕ мачи базыдтаид. Фембӕлд сын уыд иу ӕфсымӕры хӕдзары, донаргъуыд та райстой, сӕйраг горӕты уылты чи кӕлы, уыцы цӕугӕдоны, Осамӕ, зӕгъгӕ. Мерседес загъта: «Хӕдзармӕ здӕхтыстӕм райсомӕй ӕхсӕзы ӕрдӕгыл, адӕм хъал кӕнын куы райдыдтой, уӕд».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын