Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 август 31 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы Паддзахад йе знӕгты ныццӕгъддзӕн
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Армагеддон у стыр цины хабар!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Йегъовӕ адӕмӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕг куыд тӕрхон кӕндзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • «Стыр бӕллӕхы» рӕстӕг иузӕрдионӕй баззай!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 август 31 ф.

Кӕсджыты фарстатӕ

Хъусын кӕныны хъуыддаг кӕд ӕрлӕудзӕн?

Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:14). Ацы стихы, стӕй 6-ӕм ӕмӕ 13-ӕм стихты «кӕрон»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, те́лос, зӕгъгӕ, уый амоны Хӕйрӕджы дунейы тӕккӕ кӕронмӕ (Рарг. 16:14, 16). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕндзыстӕм суанг Армагеддоны хӕдразмӕ дӕр. Уый хицӕн кӕны, раздӕр ацы фарста куыд ӕмбӕрстам, уымӕй.

Раздӕр афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ хорз хабар нал хъусын кӕндзыстӕм, стыр бӕллӕх куы райдайа, ома хицӕуттӕ сӕхи Стыр Вавилоныл куы ныццӕвой, уӕд (Рарг. 17:3, 5, 15, 16). Ахӕм хъуыдыйыл хӕст уыдыстӕм, зӕгъгӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд «Йегъовӕйы хорзӕхы аз» фӕуыдзӕн (Ис. 61:2). Стӕй ма афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ стыр бӕллӕхы сӕрты ахиздзысты, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй у, уый стыр бӕллӕхы размӕ хъуыддагӕй чи равдиса, ӕрмӕстдӕр уыдон. Уый сбӕлвырд кӕнынӕн-иу ӕрхастам, н. э. размӕ 607 азы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон. Уӕд ирвӕзындзинады нысан ӕвӕрд ӕрцыд, Иерусалим пырхгонд куы нӕма ’рцыд, уӕдмӕ дӕр Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй йе сӕфт чи уыдта, ӕрмӕстдӕр уыцы дзуттӕгтыл (Йез. 5:11; 9:4). Фӕлӕ уый у, Йесо Матфейы 24:14 стихы цы загъта, уый ныхмӕ. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ афтӕ уайы, ӕмӕ суанг Армагеддоны хӕдразмӕ дӕр адӕмӕн, гӕнӕн ис, уыдзӕн фадат, цӕмӕй хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсой.

Матфейы 24:14 стих хуыздӕр ӕмбарын кӕй райдыдтам, уымӕ гӕсгӕ Раргомады 16:21 стихмӕ дӕр ногӕй ӕркастыстӕм. Ацы стихы цы хабары кой ис, уый барст цӕуы стыр ихимӕ. Ацы дыууӕ стихы арфдӕр куы раиртӕстам, уӕд бамбӕрстам, уыцы иу хабары кой дзы кӕй цӕуы. Ахӕм хъуыдымӕ ӕрцӕуынӕн нын баххуыс кодтой апостол Павелы ныхӕстӕ. Уый ныффыста, «ирвӕзындзинады фӕндагыл чи ис», уыдонӕн Паддзахады хабар кӕй у хорз хабар – «царды адджын тӕф». Фӕлӕ Хуыцауы знӕгтӕн та уый хорз хабар нӕу, фӕлӕ – «мӕлӕты тӕф» (2 Кор. 2:15, 16). Уыдон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабарӕй се сӕфт уынынц, уымӕн ӕмӕ, тынг кӕй уарзынц, уыцы дунейӕн йӕ фыдхъуыддӕгтӕ хурмӕ калы – ӕргом кӕны хӕлд кӕй у, ӕгасӕй дӕр Хӕйрӕджы къухы кӕй ис ӕмӕ йын тагъд кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн (Иоан. 7:7; 1 Иоан. 2:17; 5:19). Уӕдӕ Матфейы 24:14 стихы ӕмӕ Раргомады 16:21 стихы дзырд цӕуы, адӕм уыцы иу хабармӕ алыхуызон цӕстӕй кӕй кӕсдзысты, ууыл.

Раргомады 16:21 стихы фыст ис, уыцы их «ӕнахуыр стыр» кӕй уыдзӕн. Уый, чи зоны, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, стыр бӕллӕхы рӕстӕг цы хабар хъусын кӕндзыстӕм, уый уыдзӕн карздӕр ӕмӕ йӕ уӕд цас адӕм фехъусдзӕн, уыйбӕрц никуыма. Уый фӕрцы Йегъовӕйы номы тыххӕй ноджы фылдӕр адӕм базондзысты (Йез. 39:7). Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд ма цымӕ, Паддзахады хабар адджын тӕфау ӕхсызгон кӕмӕн уа ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айса, ахӕм адӕм уыдзӕн? Чи зоны, о. Гӕнӕн ис, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууа кӕнӕ фыццаг хатт фехъусой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ рагӕй фӕстӕмӕ кӕй дзырдтой, мӕнг динтӕ сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты, уый тыххӕй.

Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йегъовӕ рагон Египетыл дӕс бӕллӕхы куы ’руагъта. Афтӕмӕй «Египеты хуыцӕуттыл се ’ппӕтыл дӕр... [йӕ] тӕрхӕттӕ» сӕххӕст кодта. Уый фӕстӕ израилӕгтӕм ӕрбаиу «бирӕ адӕм алы адӕмыхӕттытӕй» (Рац. 12:12, 37, 38). Чи зоны, афтӕ уымӕн бакодтой, ӕмӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Моисей цы бӕллӕхты кой кодта, уыдон сыл иууылдӕр кӕй ӕрцыдысты.

Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, уый фӕстӕ Йегъовӕйы фарс чи слӕууа, уыдонӕн уыдзӕн фадат, цӕмӕй, Чырыстийы ’фсымӕртӕй ма зӕххыл чи баззайа, уыдонӕн исты хорздзинад ракӕной (Матф. 25:34–36, 40). Фӕлӕ Армагеддоны хӕдразмӕ адӕмӕн уый фадат нал уыдзӕн, цӕмӕй фыстыл нымад ӕрцӕуой, уымӕн ӕмӕ уӕд, зӕххыл ма чи уа, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсдзысты.

Ацы стихтӕ хуыздӕр ӕмбарын кӕй райдыдтам, уый фӕрцы ноджы ирддӕрӕй уынӕм, Йегъовӕ цы уарзӕгой ӕмӕ цы фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау у, уый. Ӕцӕгдӕр, «нӕ [йӕ] фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын