Цыппӕрӕм, 31 июль
Ӕппынӕдзух бӕлвырд кӕнут, нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый (Еф. 5:10).
Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд-иу хъуамӕ бамбарӕм, «Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый» ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ архайӕм (Еф. 5:17). Библийы куы фӕагурӕм, нӕ уавӕры нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ, уӕд афтӕмӕй фӕархайӕм, Хуыцау уыцы хъуыддаджы фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый бамбарыныл. Ӕмӕ-иу уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы бацархайӕм, уӕд-иу раст уынаффӕ рахӕсдзыстӕм. «Фыдбылызы», ома не знаг Хӕйрӕджы, фӕнды, цӕмӕй ацы дунейы хъуыддӕгтыл афтӕ суӕм, ӕмӕ нын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн рӕстӕг мауал уа (1 Иоан. 5:19). Гӕнӕн ис, чырыстонӕн царды сӕйрагдӕр суа ӕхца, уӕлдӕр ахуыр кӕнӕ та куыст. Афтӕ куы рауайа, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ ацы дунейы зондӕй фӕхъӕстӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ не сты. Фӕлӕ нын хъуамӕ царды ӕппӕты сӕйраг макуы уой. w24.03 24 ф., 16, 17 абз.
Майрӕмбон, 1 август
Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны (Пс. 34:19).
Ацы псаломы ис дыууӕ ахсджиаг хъуыдыйы: 1) рӕстгӕнджытӕ дӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц; 2) Йегъовӕ нӕ нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕны. Куыд нӕ фервӕзын кӕны? Иу уый, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны цардмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, куы йын лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый циндзинад кӕй хӕсдзӕн. Фӕлӕ афтӕ никуы загъта, ӕмӕ нын ныртӕккӕ, ацы дунейы, ӕнӕмӕт цард уыдзӕн (Ис. 66:14). Уый фӕнды, цӕмӕй фылдӕр хъуыды кӕнӕм нӕ фидӕныл, цы ӕнусон цард нын ӕрцӕттӕ кодта, ууыл (2 Кор. 4:16–18). Уӕдмӕ та нын алы бон дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ къахыл лӕууӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнынхъом уӕм (Йер. хъ. 3:22–24). Раджы заманты ӕмӕ нӕ рӕстӕджы цӕрӕг иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Фӕлӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд-иу нын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн (Пс. 55:22). w23.04 14, 15 фф., 3, 4 абз.
Сабат, 2 август
Хицӕуттӕн коммӕгӕс ут (Ром. 13:1).
Иосиф ӕмӕ Марийӕ хицӕуттӕм хъуыстой, уый-иу сын ӕнцон куы нӕ уыд, уӕд дӕр. Ӕмӕ нын уымӕй сты фӕзминаг (Лук. 2:1–6). Марийӕ фарӕстӕм мӕй йӕхи бар куы нӕ уыд, уӕд сӕ Иосифимӕ хъуыди ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Ромы паддзах Август бардзырд радта, цӕмӕй, йӕ паддзахады дӕлбар чи цард, уыдон иууылдӕр сӕ райгуырӕн горӕттӕм ацыдаиккой ӕмӕ сӕхи ныффыстаиккой. Иосиф ӕмӕ Марийӕйы хъуыди Вифлееммӕ ацӕуын. Уый тыххӕй та хъуамӕ 150 километры бӕрц цыдаиккой хӕххон фӕндӕгтыл. Уыцы балц ӕнцон кӕцӕй уыдаид, уӕлдайдӕр Марийӕйӕн. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодтой: цымӕ Марийӕ ӕмӕ сывӕллонӕн ӕдас уыдзӕн? Йӕ арыны афон фӕндагыл куы райдайа, уӕд куыд кӕндзысты? Марийӕ йӕ зӕрдӕйы бын кӕй хаста, уыцы сывӕллон фидӕны хъуамӕ суыдаид Мессийӕ. Уыдӕтты тыххӕй цымӕ афтӕ ахъуыды кодтой, зӕгъгӕ, паддзахы бардзырдмӕ куы нӕ байхъусӕм, уӕддӕр ницы кӕны? Кӕд Иосиф ӕмӕ Марийӕ цӕуылдӕрты мӕт кодтой, уӕддӕр бардзырдмӕ байхъуыстой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ раарфӕ кодта. Вифлееммӕ дзӕбӕхӕй ныххӕццӕ сты, Марийӕйӕн райгуырд ӕнӕниз сывӕллон ӕмӕ, коммӕгӕс кӕй разынд, уый фӕрцы ма сӕххӕст Библийы пехуымпарад дӕр (Мих. 5:2). w23.10 8 ф., 9 абз.; 9 ф., 11, 12 абз.