Майрӕмбон, 1 август
Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны (Пс. 34:19).
Ацы псаломы ис дыууӕ ахсджиаг хъуыдыйы: 1) рӕстгӕнджытӕ дӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц; 2) Йегъовӕ нӕ нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕны. Куыд нӕ фервӕзын кӕны? Иу уый, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны цардмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, куы йын лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый циндзинад кӕй хӕсдзӕн. Фӕлӕ афтӕ никуы загъта, ӕмӕ нын ныртӕккӕ, ацы дунейы, ӕнӕмӕт цард уыдзӕн (Ис. 66:14). Уый фӕнды, цӕмӕй фылдӕр хъуыды кӕнӕм нӕ фидӕныл, цы ӕнусон цард нын ӕрцӕттӕ кодта, ууыл (2 Кор. 4:16–18). Уӕдмӕ та нын алы бон дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ къахыл лӕууӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнынхъом уӕм (Йер. хъ. 3:22–24). Раджы заманты ӕмӕ нӕ рӕстӕджы цӕрӕг иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Фӕлӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд-иу нын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн (Пс. 55:22). w23.04 14, 15 фф., 3, 4 абз.
Сабат, 2 август
Хицӕуттӕн коммӕгӕс ут (Ром. 13:1).
Иосиф ӕмӕ Марийӕ хицӕуттӕм хъуыстой, уый-иу сын ӕнцон куы нӕ уыд, уӕд дӕр. Ӕмӕ нын уымӕй сты фӕзминаг (Лук. 2:1–6). Марийӕ фарӕстӕм мӕй йӕхи бар куы нӕ уыд, уӕд сӕ Иосифимӕ хъуыди ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Ромы паддзах Август бардзырд радта, цӕмӕй, йӕ паддзахады дӕлбар чи цард, уыдон иууылдӕр сӕ райгуырӕн горӕттӕм ацыдаиккой ӕмӕ сӕхи ныффыстаиккой. Иосиф ӕмӕ Марийӕйы хъуыди Вифлееммӕ ацӕуын. Уый тыххӕй та хъуамӕ 150 километры бӕрц цыдаиккой хӕххон фӕндӕгтыл. Уыцы балц ӕнцон кӕцӕй уыдаид, уӕлдайдӕр Марийӕйӕн. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодтой: цымӕ Марийӕ ӕмӕ сывӕллонӕн ӕдас уыдзӕн? Йӕ арыны афон фӕндагыл куы райдайа, уӕд куыд кӕндзысты? Марийӕ йӕ зӕрдӕйы бын кӕй хаста, уыцы сывӕллон фидӕны хъуамӕ суыдаид Мессийӕ. Уыдӕтты тыххӕй цымӕ афтӕ ахъуыды кодтой, зӕгъгӕ, паддзахы бардзырдмӕ куы нӕ байхъусӕм, уӕддӕр ницы кӕны? Кӕд Иосиф ӕмӕ Марийӕ цӕуылдӕрты мӕт кодтой, уӕддӕр бардзырдмӕ байхъуыстой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ раарфӕ кодта. Вифлееммӕ дзӕбӕхӕй ныххӕццӕ сты, Марийӕйӕн райгуырд ӕнӕниз сывӕллон ӕмӕ, коммӕгӕс кӕй разынд, уый фӕрцы ма сӕххӕст Библийы пехуымпарад дӕр (Мих. 5:2). w23.10 8 ф., 9 абз.; 9 ф., 11, 12 абз.
Хуыцаубон, 3 август
Кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут (Дзут. 10:25).
Зӕгъӕм, дзуапп раттын дӕ кӕй хъӕуы, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр дӕ хид акӕлы. Уӕд-иу дӕхи дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн (Ӕмб. 21:5). Ӕрмӕг хорз куы зонай, уӕд-иу дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ къухыл схӕцын. Стӕй-иу бацӕттӕ кӕн цыбыр дзуаппытӕ (Ӕмб. 15:23; 17:27). Цыбыр дзуапп дӕтгӕйӕ адӕймаг афтӕ тынг нӕ фӕтыхсы. Дӕхи ныхӕстӕй цыбыр дзуапп куы раттай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, дӕхи хорз кӕй бацӕттӕ кодтай ӕмӕ ӕрмӕг хорз кӕй ӕмбарыс. Чи зоны, ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ бацархайдтай, фӕлӕ уӕддӕр дӕ ныфс хӕссыс ӕрмӕстдӕр иу кӕнӕ дыууӕ дзуаппы раттынмӕ. Ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ аргъ кӕны, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразыс, уымӕн (Лук. 21:1–4). Дӕ бон цы нӕу, уый дӕ никуы домдзӕн (Фил. 4:5). Ахъуыды кӕн, дӕ бон цавӕр нысан у дӕ разы сӕвӕрын, стӕй архай, цӕмӕй уыцы нысан дӕ къухы бафта, ӕмӕ кув, цӕмӕй-иу ма тыхсай. Фыццаг уал, чи зоны, дӕ разы сӕвӕрай нысан, иу цыбыр дзуапп кӕй ратдзынӕ. w23.04 21 ф., 6–8 абз.