Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Сабат, 2 август

Хицӕуттӕн коммӕгӕс ут (Ром. 13:1).

Иосиф ӕмӕ Марийӕ хицӕуттӕм хъуыстой, уый-иу сын ӕнцон куы нӕ уыд, уӕд дӕр. Ӕмӕ нын уымӕй сты фӕзминаг (Лук. 2:1–6). Марийӕ фарӕстӕм мӕй йӕхи бар куы нӕ уыд, уӕд сӕ Иосифимӕ хъуыди ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Ромы паддзах Август бардзырд радта, цӕмӕй, йӕ паддзахады дӕлбар чи цард, уыдон иууылдӕр сӕ райгуырӕн горӕттӕм ацыдаиккой ӕмӕ сӕхи ныффыстаиккой. Иосиф ӕмӕ Марийӕйы хъуыди Вифлееммӕ ацӕуын. Уый тыххӕй та хъуамӕ 150 километры бӕрц цыдаиккой хӕххон фӕндӕгтыл. Уыцы балц ӕнцон кӕцӕй уыдаид, уӕлдайдӕр Марийӕйӕн. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодтой: цымӕ Марийӕ ӕмӕ сывӕллонӕн ӕдас уыдзӕн? Йӕ арыны афон фӕндагыл куы райдайа, уӕд куыд кӕндзысты? Марийӕ йӕ зӕрдӕйы бын кӕй хаста, уыцы сывӕллон фидӕны хъуамӕ суыдаид Мессийӕ. Уыдӕтты тыххӕй цымӕ афтӕ ахъуыды кодтой, зӕгъгӕ, паддзахы бардзырдмӕ куы нӕ байхъусӕм, уӕддӕр ницы кӕны? Кӕд Иосиф ӕмӕ Марийӕ цӕуылдӕрты мӕт кодтой, уӕддӕр бардзырдмӕ байхъуыстой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ раарфӕ кодта. Вифлееммӕ дзӕбӕхӕй ныххӕццӕ сты, Марийӕйӕн райгуырд ӕнӕниз сывӕллон ӕмӕ, коммӕгӕс кӕй разынд, уый фӕрцы ма сӕххӕст Библийы пехуымпарад дӕр (Мих. 5:2). w23.10 8 ф., 9 абз.; 9 ф., 11, 12 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Хуыцаубон, 3 август

Кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут (Дзут. 10:25).

Зӕгъӕм, дзуапп раттын дӕ кӕй хъӕуы, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр дӕ хид акӕлы. Уӕд-иу дӕхи дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн (Ӕмб. 21:5). Ӕрмӕг хорз куы зонай, уӕд-иу дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ къухыл схӕцын. Стӕй-иу бацӕттӕ кӕн цыбыр дзуаппытӕ (Ӕмб. 15:23; 17:27). Цыбыр дзуапп дӕтгӕйӕ адӕймаг афтӕ тынг нӕ фӕтыхсы. Дӕхи ныхӕстӕй цыбыр дзуапп куы раттай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, дӕхи хорз кӕй бацӕттӕ кодтай ӕмӕ ӕрмӕг хорз кӕй ӕмбарыс. Чи зоны, ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ бацархайдтай, фӕлӕ уӕддӕр дӕ ныфс хӕссыс ӕрмӕстдӕр иу кӕнӕ дыууӕ дзуаппы раттынмӕ. Ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ аргъ кӕны, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразыс, уымӕн (Лук. 21:1–4). Дӕ бон цы нӕу, уый дӕ никуы домдзӕн (Фил. 4:5). Ахъуыды кӕн, дӕ бон цавӕр нысан у дӕ разы сӕвӕрын, стӕй архай, цӕмӕй уыцы нысан дӕ къухы бафта, ӕмӕ кув, цӕмӕй-иу ма тыхсай. Фыццаг уал, чи зоны, дӕ разы сӕвӕрай нысан, иу цыбыр дзуапп кӕй ратдзынӕ. w23.04 21 ф., 6–8 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Къуырисӕр, 4 август

Нӕ уӕлӕ дарӕм... згъӕрхӕдон, стӕй... згъӕрхуд (1 Фес. 5:8).

Апостол Павел чырыстӕтты абарста, сӕ хӕстон дзауматӕ сӕ уӕлӕ кӕмӕн сты ӕмӕ тохмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм ӕфсӕддонтимӕ. Ӕфсӕддон хъуамӕ уа къӕрцхъус ӕмӕ кӕдфӕндыдӕр цӕттӕ уа тохмӕ. Афтӕ мах дӕр нӕ уӕлӕ уырнындзинады ӕмӕ уарзондзинады згъӕрхӕдон, стӕй ныфсы згъӕрхуд куы дарӕм, уӕд алкӕддӕр Йегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ уыдзыстӕм. Згъӕрхӕдон-иу хъахъхъӕдта ӕфсӕддонӕн йӕ зӕрдӕ. Афтӕ нын уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад дӕр хъахъхъӕнынц нӕ зӕрдӕ. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ Йесойы фӕдыл цӕуӕм. Мах уырны, Йегъовӕ нын кӕй раарфӕ кӕндзӕн, зӕрдиагӕй йӕ кӕй агурӕм, уый тыххӕй (Дзут. 11:6). Стӕй нын уырнындзинад ӕххуыс кӕны нӕ Разамонӕг Йесойыл зындзинӕдты иузӕрдионӕй баззайынӕн. Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты, сӕ уырнындзинады тыххӕй-иу ӕфхӕрд куы ӕййӕфтой кӕнӕ-иу сын цардамӕлттӕ кӕнын зын куы уыд, уӕд. Ӕмӕ нын сӕ цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕнӕм ӕмӕ-иу уый фӕрцы зындзинӕдтӕ сфӕразӕм. Нӕ бон ма у, йӕ цард чи фӕхуымӕтӕгдӕр кодта ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты чи сӕвӕрдта, уыдоны дӕр бафӕзмын. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мулчы фӕдыл ма адзӕгъӕл уӕм. w23.06 10 ф., 8, 9 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын