Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Ӕртыццӕг, 17 сентябрь

Амондджын сты, Хуыцау йӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн ныххатыр кодта (Ром. 4:7).

Хуыцау ныххатыр кӕны, чи йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уыдоны тыххӕй сӕ дзуапп нал ӕрдомы, кӕронмӕ сын ныххатыр кӕны (Пс. 32:1, 2). Ӕмӕ сӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы фӕнымайы ӕнӕфау, ӕнаххос адӕймӕгтыл ӕмӕ рӕстгӕнджытыл. Кӕд Йегъовӕ Авраамы, Давиды ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты рӕстгӕнджытыл банымадта, уӕддӕр уыдысты ӕнӕххӕст, тӕригъӕдджын адӕймӕгтӕ. Фӕлӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцауы цӕсты уыдысты ӕнаххос ӕмӕ ӕнӕфау, уӕлдайдӕр, чи йын нӕ лӕггад кодта, уыдонимӕ абаргӕйӕ (Еф. 2:12). Йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм апостол Павел бамбарын кодта, ӕнӕ уырнындзинадӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй не суыдзыстӕм. Уырнындзинад Авраамы ӕмӕ Давиды куыд хъуыд, афтӕ хъӕуы мах дӕр. w23.12 3 ф., 6, 7 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Цыппӕрӕм, 18 сентябрь

Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм (Дзут. 13:15).

Чырыстӕттӕй алкӕмӕ дӕр ӕрхауд стыр кад – нӕ бон у Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссын. Уыцы нывӕндтӕ сты нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ, не ’хца. Ӕмӕ сӕ Паддзахады хъуыддагӕн не ’вгъау кӕнӕм. Нӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисдзыстӕм, ӕппӕты хуыздӕр нывӕндтӕ йын куы хӕссӕм, уымӕй. Апостол Павел ранымадта, рохуаты цы нӕй уадзӕн, уыдӕттӕ (Дзут. 10:22–25). Уымӕ хауы, Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ кувӕм, нӕ ныфсы тыххӕй ӕргом кӕй хъуамӕ дзурӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй хъуамӕ цӕуӕм, стӕй кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй хъуамӕ ӕфтауӕм, Йегъовӕйы бон «куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр». Раргомады чиныджы фӕстаг сӕрты та Йегъовӕйы зӕд Иоаннӕн дыууӕ хатты загъта, Хуыцауӕн бакув, зӕгъгӕ (Рарг. 19:10; 22:9). Уӕдӕ макуы ферох кӕнӕм, Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны тыххӕй цы ахсджиаг цыдӕртӕ базыдтам, уыдӕттӕ ӕмӕ, нӕ бон нӕ кадджын Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уый стыр кадыл нымайӕм! w23.10 29 ф., 17, 18 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Майрӕмбон, 19 сентябрь

Нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм (1 Иоан. 4:7).

Не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Йесойы ныхӕстӕ. Уый загъта: «Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн» (Матф. 24:12). Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм ацы дунейы зондахастӕй, кӕннод махӕн дӕр нӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн. Нӕ бон куыд у базонын, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тынг уарзӕм ӕви нӕ? Зӕгъӕм, ис ахъуыды кӕнӕн, кӕцыдӕр уавӕрты нӕхи куыд фӕдарӕм, ууыл (2 Кор. 8:8). Иу ахӕм уавӕры кой скодта апостол Петр. Уый загъта: «Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны [комк. «ӕмбӕрзы», фип.]» (1 Пет. 4:8). Уӕдӕ хотӕй кӕнӕ ’фсымӕртӕй исчи куы фӕрӕдийы кӕнӕ нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд фӕлвӕрд ӕрцӕуы, нӕ уарзондзинад ӕцӕг уарзондзинад у ӕви нӕ. w23.11 10 ф., 12, 13 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын