Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы программӕ 2005 азӕн
Амындтӕ
2005 азы дӕргъы Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола уагъд цӕудзӕн дӕлдӕр лӕвӕрд программӕмӕ гӕсгӕ.
АХУЫРГӔНӔН ӔРМӔГ: Библи, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» [w], «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн» [be], брошюрӕ «„Ӕппӕт Фыст“ у ӕцӕг ӕмӕ пайда» [bsi-05] ӕмӕ «Цӕуыл ис адӕмимӕ Библийӕ ныхас кӕнӕн» [td].
Скъола хъуамӕ райдайа ЙӔ РӔСТӔГЫЛ зарӕгӕй, куывд ӕмӕ ӕгасцуай зӕгъынӕй. Уый фӕстӕ:
ДЗЫРДАРӔХСТДЗИНАД. 5 минуты. Скъолайы цӕстдарӕг, зондамонӕн раныхасы рацӕуджытӕн уынаффӕдӕттӕг ӕфсымӕр кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг дзуры дзырдарӕхстдзинадыл, «Хъусынгӕнджыты скъолайы» чиныгӕй ист ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ. (Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы ӕмбырдты нӕ фаг кӕны, уым хӕслӕвӕрд раттӕн ис фӕлтӕрдджын кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн.) Раныхасы ма спайда кӕнын хъӕуы, амынд фӕрстыл фӕлгӕтты цы ӕрмӕг ис, уымӕй дӕр (кӕд дзы ӕндӕр ницы фиппаинаг уа, уӕд). Фӕлтӕрӕнтӕ аразын нӕ хъӕуы. Уыдон сӕйраджыдӕр хъӕуынц, цӕмӕй сыл хъусынгӕнӕг йӕхӕдӕг куса, йе та сӕ уынаффӕтӕдӕттӕг ӕфсымӕр, хибарӕй уынаффӕ куы дӕтта, уӕд пайда кӕна.
ФЫЦЦАГ ХӔСЛӔВӔРД. 10 минуты. Цӕттӕ йӕ кӕны фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», ахуыргӕнӕн чиныг «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн» кӕнӕ брошюрӕ «„Ӕппӕт Фыст“ у ӕцӕг ӕмӕ пайда»-йӕ ист ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ. Ацы хӕслӕвӕрд у 10-минутон зондамонӕн раныхас ӕнӕ дзургӕ фӕлхатӕй. Ӕфсымӕр хъуамӕ ӕрмӕст ӕрмӕг радзурыныл ма архайа, фӕлӕ ма хъуамӕ банысан кӕна, уыцы ӕрмӕгӕй царды куыд ис спайдагӕнӕн ӕмӕ дзы ӕмбырдӕн тынгдӕр цы хъуыдытӕ уыдзысты ахъаз. Ныхас саразын хъӕуы, программӕйы цы темӕ ис амынд, уымӕ гӕсгӕ. Ацы хӕслӕвӕрд цы ӕфсымӕртӕ цӕттӕ кӕной, уыдон нысангонд рӕстӕгӕй фылдӕр хъуамӕ ма дзурой. Куы хъӕуа, уӕд ныхасы рацӕуӕг ӕфсымӕрӕн уынаффӕ раттӕн ис хибарӕй.
АХСДЖИАГ ХЪУЫДЫТӔ БИБЛИЙӔ. 10 минуты. Фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр фыццаг ӕхсӕз минуты дӕргъы дзуры, ӕрмӕг ӕмбырдмӕ куыд хауы, ууыл. Уыцы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ хъуыд бакӕсын, уыдонӕй йӕ бон у ӕрдзурын кӕцыфӕнды хайыл дӕр. Уый хъуамӕ ма уа кӕсынӕн лӕвӕрд ӕрмӕджы цыбыр афӕлгӕст. Сӕйраг нысан у хъусджытӕн бамбарын кӕнын, уыцы зонындзинӕдтӕ сын цӕмӕн сты ахъаз ӕмӕ сӕ куыд ис спайдагӕнӕн. Ныхасы рацӕуӕг хъуамӕ йӕ хъус лӕмбынӕг дара рӕстӕгмӕ, цӕмӕй йӕ хӕслӕвӕрды фыццаг хай ӕхсӕз минутӕй фылдӕр ма уа. Уый хъуамӕ бӕлвырдӕй зона, хъусынгӕнджытӕн сӕ хъуыдытӕ зӕгъынӕн цыппар минуты кӕй зайы. Хъусджытӕн хъӕуы раттын фадат, цӕмӕй цыбыртӕй (30 секунды бӕрц) радзурой, Библийӕ цы сӕртӕ бакастысты, уым сӕхицӕн хорзӕй цы ссардтой, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ Скъолайы цӕстдарӕг, хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн уа, уыцы ахуыргӕнинӕгты арвитдзӕн хицӕн кълӕстӕм.
ДЫККАГ ХӔСЛӔВӔРД. 4 минуты. Аив кӕсын. Цӕттӕ йӕ кӕны ӕфсымӕр. Арӕхдӕр кӕсын хъӕудзӕн Библийӕ. Мӕй иу хатт ацы хӕслӕвӕрдӕн ӕрмӕг ист уыдзӕн «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй. Ахуыргӕнинаг хъуамӕ ӕрмӕг бакӕса ӕнӕ разныхас ӕмӕ ӕнӕ кӕронбӕттӕнӕй. Къуырийӕ-къуыримӕ кӕсыны ӕрмӕг гыццыл хицӕн кӕндзӕн, кӕм фылдӕр уыдзӕн кӕм къаддӕр, фӕлӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын хъӕудзӕн цыппар минутмӕ кӕнӕ та къаддӕр рӕстӕгмӕ. Скъолайы цӕстдарӕг хъуамӕ рагацау ӕркӕса ӕрмӕгмӕ, цӕмӕй хӕслӕвӕрдтӕ дӕтта, ахуыргӕнинӕгты кар ӕмӕ курдиӕттӕ хынцгӕйӕ. Скъолайы цӕстдарӕг ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сахуыр уой хорз, ӕнӕрхӕцгӕйӕ кӕсын, цы кӕсой, уый ӕмбарой, хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕрой, хъӕлӕсы уаг ивой, кӕнӕ зоной, кӕм ӕрлӕууын хъӕуы ӕмӕ аразгӕ хъӕлӕсӕй ма кӕсой.
ӔРТЫККАГ ХӔСЛӔВӔРД. 5 минуты. Цӕттӕ йӕ кӕны хо. Ахуыргӕнинӕгтӕ ацы хӕслӕвӕрд райсгӕйӕ, «Хъусынгӕнджыты скъола»-йы чиныджы 82 фарсыл амынд уавӕртӕй сӕхӕдӕг искӕцы хъуамӕ равзарой кӕнӕ сын ӕй бацамондзӕн цӕстдарӕг. Хо йӕ хӕслӕвӕрд хъуамӕ бацӕттӕ кӕна, цы темӕ йын уа амынд, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уе ’мбырды территорийы хъусынгӕнгӕйӕ чи сбӕзза, ахӕм уавӕрӕй спайда кӕна. Ацы хӕслӕвӕрдӕн ӕрмӕг амынд куы нӕ уа, уӕд хо хъуамӕ йӕхӕдӕг ссара ӕрмӕг ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уагъд литературӕйы. Ног ахуыргӕнинӕгтӕн хъӕуы дӕттын ахӕм хӕслӕвӕрдтӕ, ӕрмӕг амынд кӕм уа. Скъолайы цӕстдарӕг йӕ хъус тынгдӕр ӕрдардзӕн, хо ӕрмӕг куыд ӕмбарын кӕны ӕмӕ адӕймагӕн куыд ӕххуыс кӕны Библийы стихтыл хъуыды кӕнынӕн ӕмӕ ныхасы сӕйраг хъуыдытӕ бамбарынӕн. Ацы хӕслӕвӕрд цы хо цӕттӕ кӕна, уый хъуамӕ кӕсын зона. Скъолайы цӕстдарӕг ын снысан кӕндзӕн ӕххуысгӕнӕг.
ЦЫППӔРӔМ ХӔСЛӔВӔРД. 5 минуты. Ахуыргӕнинаг ӕй хъуамӕ бацӕттӕ кӕна, цы темӕ йын радтой, уымӕ гӕсгӕ. Ацы хӕслӕвӕрдӕн ӕрмӕг амынд куы нӕ уа, уӕд ахуыргӕнинаг хъуамӕ йӕхӕдӕг ссара ӕрмӕг ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уагъд литературӕйы. Ӕфсымӕр ӕй куы цӕттӕ кӕна, уӕд ӕй ис радзурӕн, Паддзахады залы ныхасмӕхъусджытӕм чи хауы, ахӕм раныхасы хуызы. Хо йӕ куы цӕттӕ кӕна, уӕд ӕй алы хатт дӕр цӕттӕ кӕнын хъӕудзӕн 3-аг хӕслӕвӕрды хуызӕн. Скъолайы цӕстдарӕгӕн йӕ бон у 4-ӕм хӕслӕвӕрд раттын ӕфсымӕрӕн, растдӕр ӕм кӕд фӕкӕса, уӕд. Уӕ хорзӕхӕй, уӕ зӕрдыл бадарут, темӕйы фӕстӕ фиппаинагмӕ амонӕг нысан куы уа, уӕд уыцы хӕслӕвӕрд алы хатт дӕр ӕфсымӕр кӕй хъуамӕ цӕттӕ кӕна, раныхасы хуызы.
РӔСТӔГ. Нысангонд рӕстӕгӕй фылдӕр хъуамӕ ма уой мадӕр раныхӕстӕ, мадӕр Скъолайы цӕстдарӕджы уынаффӕтӕ. 2-аг, 3-аг ӕмӕ 4-ӕм хӕслӕвӕрдтӕ чи цӕттӕ кӕна, уыдонӕн сӕ рӕстӕг куы фӕуа, уӕд сын ис уӕзданӕй бамбарын кӕнӕн, цӕмӕй сӕ ныхас фӕуой. Дзырдарӕхстдзинадыл чи дзура, 1-аг хӕслӕвӕрд кӕнӕ Библийы ахсджиаг хъуыдытӕ чи амона, уыцы ӕфсымӕртӕ нысангонд рӕстӕгӕй фылдӕр куы дзурой, уӕд сын уынаффӕ хъӕуы раттын хибарӕй. Иууылдӕр хъуамӕ лӕмбынӕг сӕ хъус дарой рӕстӕгмӕ. Программӕ цӕуы 45 минуты (ӕнӕ зарӕг ӕмӕ ӕнӕ куывдӕй).
УЫНАФФӔ. 1 минут. Алы хӕслӕвӕрды фӕстӕ дӕр Скъолайы цӕстдарӕгӕн уыдзӕн иу минуты бӕрц, цӕмӕй ахуыргӕнинагӕн цалдӕр ныхасы зӕгъа, йӕ ныхасы хорзӕй цы уыд, уый тыххӕй. Уый ӕрмӕст афтӕ хъуамӕ ма зӕгъа, зӕгъгӕ, «мӕнӕ уый хорз сарӕзтай», фӕлӕ хъуамӕ бамбарын кӕна, ныхасы уыцы хай хорз цӕмӕй уыд, уый. Алы ахуыргӕнинаджы дӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн цы хъӕуы, уымӕ гӕсгӕ ма йын раттӕн ис бӕлвырд уынаффӕтӕ хибарӕй фембӕлды фӕстӕ кӕнӕ та ӕндӕр хатт.
УЫНАФФӔТӔ, ЗОНДАМОНӔН РАНЫХАСИМӔ ЧИ РАЦӔУА, УЫДОНӔН. Хистӕр нӕлгоймӕгты советӕн йӕ бон у, фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймаджы равзарын, цӕмӕй Скъолайы цӕстдарӕгӕн ӕххуыс кӕна. Йӕ хӕс уыдзӕн, цӕмӕй, куы хъӕуа, уӕд 1-аг хӕслӕвӕрд ӕмӕ ахсджиаг хъуыдытӕ Библийӕ чи цӕттӕ кӕна, уыцы ӕфсымӕртӕн хибарӕй уынаффӕтӕ дӕтта. Ӕнӕмӕнгхъӕугӕ нӕу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн сӕ алы раныхасы фӕстӕ дӕр уынаффӕ дӕттын. Афтӕ уыдзӕн 2005 азы дӕргъы, фидӕны та, чи зоны, исты ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуа.
УЫНАФФӔТЫ СЫФ. Ис ахуыргӕнӕн чиныджы.
ДЗУРГӔ ФӔЛХАТ. 30 минуты. Алы дыууӕ мӕйы дӕр Скъолайы цӕстдарӕг уадздзӕн дзургӕ фӕлхат. Уӕлдӕр куыд амынд у, афтӕмӕй уал уый размӕ ӕфсымӕртӕ ӕрдзурдзысты дзырдарӕхстдзинадыл ӕмӕ Библийӕ ахсджиаг хъуыдытыл. Дзургӕ фӕлхат уыдзӕн, фӕстаг дыууӕ мӕйы, уыимӕ ма уыцы къуыри дӕр Скъолайы цы ӕрмӕг ӕвзӕрстат, уымӕ гӕсгӕ. Дзургӕ фӕлхаты къуыри уе ’мбырдӕн районон конгресс куы уа кӕнӕ уӕм районон цӕстдарӕг куы ӕрцӕуа, уӕд архайут 2003 азы декабры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» 6-ӕм фарсыл амынд уынаффӕтӕм гӕсгӕ.
ПРОГРАММӔ
3 январь Библи кӕсын: Йесо Навин 16—20 3 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ ныхас ӕнцонӕмбарӕн уӕд (be 226 ф., 1 абз.—227 ф., 1 абз.)
№ 1: Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй (be 272 ф., 1—4 абз.)
№ 2: Йесо Навин 16:1—17:4
№ 3: Алы сфӕлдыстадон бон дӕр 24 сахаты уыд? (td 30Ӕ)
№ 4: Адӕймаг хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, уымӕй бӕрӕг кӕны Хуыцауӕй кӕй тӕрсы?
10 январь Библи кӕсын: Йесо Навин 21—24 23 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕмбарын кӕн ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ (be 227 ф., 2—5 абз.)
№ 1: Адӕмӕн дзурӕм Хуыцауы ном (be 273 ф., 1—6 абз.)
№ 2: Йесо Навин 23:1—13
№ 3: Хуыцау ирвӕзын кӕны ӕрмӕстдӕр Чырыстийы уылты (td 20А)
№ 4: Раст у Йесойӕн кувын?
17 январь Библи кӕсын: Тӕрхонгӕнджытӕ 1—4 49 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цы ма фӕхъӕуы ӕмбарын кӕнын (be 228 ф., 1, 2 абз.)
№ 1: Уыцы номы хицау чи у (be 274 ф., 1—4 абз.)
№ 3: «Кӕд фервӕзтӕ, уӕд мыггагмӕ» — ахӕм хъуыды Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу (td 20Ӕ)
№ 4: Дӕ бон куыд у дӕхи бахъахъхъӕнын зианхӕссӕг музыкалон видеоклиптӕй?
24 январь Библи кӕсын: Тӕрхонгӕнджытӕ 5—7 22 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цы аразгӕ у зӕрдӕйӕ (be 228 ф., 3—5 абз.)
№ 1: Хуыцауы ном — «фидар мӕсыг» (be 274 ф., 5 абз.—275 ф., сӕргонды онг)
№ 3: Уынаффӕ хӕссыны бар нын кӕй ис, ууыл Библи куыд хъуамӕ ӕндава?
№ 4: «Иууылдӕр фервӕздзысты», зӕгъгӕ, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст (td 20Б)
31 январь Библи кӕсын: Тӕрхонгӕнджытӕ 8—10 77 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн мидисджын раныхас (be 230 ф., 1—6 абз.)
№ 1: Ӕвдисӕн лӕууӕм Йесо Чырыстийӕн (be 275 ф., сӕргондӕй 1—4 абз.)
№ 2: w03 1.2. 15 ф., 16—18 абз.
№ 3: Чырыстӕттӕн сабатбон у иннӕ бонты хуызӕн (td 29А)
№ 4: aМулкылмард кӕй ис схонӕн
7 февраль Библи кӕсын: Тӕрхонгӕнджытӕ 11—14 92 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ раныхас мидисджын сараз уӕлӕмхасӕн ӕрмӕджы руаджы (be 231 ф., 1—3 абз.)
№ 1: Хъус ӕрдар, Йесо нӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, уымӕ (be 276 ф., 1, 2 абз.)
№ 3: Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн иудзинад цӕмӕн ис
№ 4: Сабатбоны тыххӕй закъон чырыстӕттӕн нӕ уыд лӕвӕрд (td 29Ӕ)
14 февраль Библи кӕсын: Тӕрхонгӕнджытӕ 15—18 44 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕмбарын кӕн стихтӕ (be 231 ф., 4, 5 абз.)
№ 1: Ӕргом аздах, Йесо Хистӕр сауджын ӕмӕ ӕмбырды Хистӕр кӕй у, уымӕ (be 277 ф., 1, 2 абз.)
№ 3: bХуыцауы сабатбоны ӕнцойад кӕд райдыдта ӕмӕ кӕд фӕуыдзӕн (td 29Б)
№ 4: Чырыстӕттӕ гипнозӕй сӕхи цӕмӕн хизынц
21 февраль Библи кӕсын: Тӕрхонгӕнджытӕ 19—21 25 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕмбарын кӕн дзырдты нысаниуӕг (be 232 ф., 1 абз.)
№ 1: Йесойы паддзахдзинад цы нысан кӕны, уый ӕмбарын кӕн (be 277 ф., 3, 4 абз.)
№ 2: w03 1.2. 26, 27 фф., 18—21 абз.
№ 3: Цӕуылнӕ ис гӕнӕн ӕмӕ Иегъовӕ Ӕртӕиууоны хай уа (td 7А)
№ 4: «Хуыцауы арфадтӕй» иуӕй-иутӕ цы сты? (1 Кор. 2:10)
28 февраль Библи кӕсын: Руф 1—4 71 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Адӕмимӕ иумӕ хъуыды кӕн стихтыл (be 232 ф., 2—4 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
7 мартъи Библи кӕсын: 1 Паддзахӕдты 1—4 99 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Агур дӕ ныхасмӕхъусджытӕн ахъаз ӕрмӕг (be 232 ф., 5 абз.—233 ф., 4 абз.)
№ 1: Йесо Чырысти у бындур (be 278 ф., 1—4 абз.)
№ 2: 1 Паддзахӕдты 2:1—11
№ 3: Фырт Фыды ӕмсӕр нӕу (td 7Ӕ)
№ 4: Ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕ цард гороскоптӕм гӕсгӕ цӕуылнӕ аразынц
14 мартъи Библи кӕсын: 1 Паддзахӕдты 5—9 64 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ ныхас араз лӕвӕрд ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ (be 234 ф., 1 абз.—235 ф., 3 абз.)
№ 1: Паддзахады хорз хабар (be 279 ф., 1—4 абз.)
№ 2: 1 Паддзахӕдты 5:1—12
№ 3: Хуыцау ӕмӕ Чырысти иу куыд сты (td 7Б)
№ 4: Куыд у нӕ бон Иегъовӕимӕ нӕ хӕлардзинады тӕгтӕ фидар кӕнын
21 мартъи Библи кӕсын: 1 Паддзахӕдты 10—13 73 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Фарстытӕ дӕттынмӕ арӕхс (be 236 ф., 1—5 абз.)
№ 1: Адӕмӕн ӕмбарын кӕн, цы у Паддзахад (be 280 ф., 1—5 абз.)
№ 3: Чырыстӕттӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарой, сӕ хӕстӕджытӕй чырыстон чи нӕу, уыдонмӕ?
№ 4: cСыгъдӕг уд гоймаг нӕу (td 7В)
28 мартъи Библи кӕсын: 1 Паддзахӕдты 14—15 76 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Фарстытӕ ахсджиаг хъуыдымӕ рахизыны размӕ (be 237 ф., 1, 2 абз.)
№ 1: Ӕмбарын кӕн, Паддзахад нӕ царды куыд ахады (be 281 ф., 1—4 абз.)
№ 2: w03 1.4. 12, 13 фф., 17—21 абз.
№ 3: Чырыстӕттӕ хъалонтӕ цӕмӕн фидынц
№ 4: dКӕцӕй зонӕм, муртатты рӕстӕджытӕ 1914 азы кӕй фесты (td 1А)
4 апрель Библи кӕсын: 1 Паддзахӕдты 16—18 10 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хъуыдытыл ӕфтауӕг фарстытӕ (be 237 ф., 3 абз.—238 ф., 3 абз.)
№ 1: Чырыстӕттӕн ахуырад райсын ӕнӕмӕнгхъӕугӕ цӕмӕн у (w03 15.3. 10 ф., 1 абз.—11 ф., 5 абз., уыр.)
№ 3: Цы ӕрхӕсдзӕн Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн (td 40А)
№ 4: Фӕстиуджытыл хъуыды кӕнын нын куыд баххуыс кӕндзӕн хорз цы у, уый уарзын ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уымӕ ӕнӕуынон цӕстӕй кӕсын
11 апрель Библи кӕсын: 1 Паддзахӕдты 19—22 16 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Фарстытӕ, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый базонынӕн (be 238 ф., 4—6 абз.)
№ 1: Фӕсивӕдӕн сӕ бон куыд у уырнындзинады рӕзын (w03 1.4. 8—10 фф., уыр.)
№ 3: Ӕцӕг бонзонгӕ уай, уый зӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуӕг цӕмӕн у
№ 4: eПаддзахады хицаудзинад райдыдта, Чырыстийы знӕгтӕ ма сӕ тыхы сты, афтӕмӕй (td 40Ӕ)
18 апрель Библи кӕсын: 1 Паддзахӕдты 23—25 13 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Фарстытӕ хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн (be 239 ф., 1, 2 абз.)
№ 1: Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Иегъовӕйыл (w03 1.11. 4—7 фф.)
№ 2: w03 1.5. 25, 26 фф., 11—14 абз.
№ 3: Хуыцауы Паддзахад адӕмы руаджы нӕ фӕзынд (td 40Б)
№ 4: Авраамимӕ бадзырд цӕмӕн ӕрцыд арӕзт?
25 апрель Библи кӕсын: 1 Паддзахӕдты 26—31 97 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Фарстытӕ, адӕймаг раст кӕй нӕ хъуыды кӕны, уый сбӕрӕг кӕнынӕн (be 239 ф., 3—5 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
2 май Библи кӕсын: 2 Паддзахӕдты 1—3 21 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Абарстытӕ ӕмӕ метафорӕты руаджы ахуыр кӕн (be 240 ф., 1 абз.— 241 ф., 2 абз.)
№ 1: Ахуырад канд куыстмӕ бацӕуынӕн нӕ хъӕуы (w03 15.3. 11 фф., 6 абз.—14 ф., 4 абз., уыр.)
№ 2: 2 Паддзахӕдты 2:1—11
№ 3: Ӕцӕг аргъуан цы у ӕмӕ цӕуыл арӕзт у? (td 2А)
№ 4: Адӕймаг ӕнӕзӕрдӕхудт куы уа, уӕд уый цы хорзӕхтӕ хӕссы
9 май Библи кӕсын: 2 Паддзахӕдты 4—8 82 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хӕсс цӕвиттонтӕ (be 241 ф., 3 абз.—242 ф., 1 абз.)
№ 1: Иегъовӕ зӕрдӕйӕ мӕт кӕны ӕрыгӕттыл (w03 4.15. 29 ф., 3 абз.—31 ф., 3 абз., уыр.)
№ 2: 2 Паддзахӕдты 5:1—12
№ 3: Закъоны бадзырд куыд сӕххӕст?
№ 4: Чырыстон ӕмбырд Петрыл арӕзт нӕу (td 2Ӕ)
16 май Библи кӕсын: 2 Паддзахӕдты 9—12 20 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цӕвиттонтӕ Библийӕ (be 242 ф., 2, 3 абз.)
№ 1: Цымӕ дын Иегъовӕ дӕ хъуыддӕгтӕ уыны? (w03 1.5. 28—31 фф., уыр.)
№ 2: 2 Паддзахӕдты 9:1—13
№ 3: Зындон хъизӕмӕртты бынат нӕу (td 17А)
№ 4: Хуыцауы Ныхас ӕгас цы хуызы у? (Дзут. 4:12)
23 май Библи кӕсын: 2 Паддзахӕдты 13—15 58 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ ныхасмӕхъусджытӕ йӕ бамбардзысты? (be 242 ф., 4 абз.—243 ф., 1 абз.)
№ 1: Нойы науы чиныг. Цы дзы ис зондӕн райсӕн? (w03 1.6. 4—7 фф.)
№ 3: Иоанны 11:25, 26 нӕ куыд ӕмбарын хъӕуы?
№ 4: Арт у мыггагмӕйы сӕфты нысан (td 17Ӕ)
30 май Библи кӕсын: 2 Паддзахӕдты 16—18 54 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ адӕмы цардӕй (be 244 ф., 1, 2 абз.)
№ 1: Раст зондыл хӕц — зондджынӕй архай (w03 1.8. 30—32 фф.)
№ 2: w03 1.6. 14, 15 фф., 8—11 абз.
№ 3: Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры хабар мыггагмӕйы хъизӕмӕрттыл дзурӕг нӕу (td 17Б)
№ 4: Сӕрныллӕгдзинад лӕмӕгъдзинад цӕуылнӕ у
6 июнь Библи кӕсын: 2 Паддзахӕдты 19—21 67 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕтӕ чи бацагайа, ахӕм цӕвиттонтӕ (be 244 ф., 3 абз.—245 ф., 4 абз.)
№ 1: Зонд бацамонын цӕмӕн фӕхъӕуы (w03 1.10. 20 ф., 1 абз.—21 ф., 5 абз., уыр.)
№ 3: Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуын?
№ 4: Армагеддон — Хуыцауы хӕст, фыддзинӕдтӕн кӕрон чи скӕндзӕн (td 3А)
13 июнь Библи кӕсын: 2 Паддзахӕдты 22—24 38 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй раст пайда кӕн (be 247 ф., 1, 2 абз.)
№ 1: Зондамындмӕ хъус, ӕмӕ цы дзурыс, ууыл хъуыды кӕн (w03 15.9. 21 ф., 1 абз.—22 ф., 3 абз., уыр.)
№ 3: Армагеддон бӕлвырд кӕны, Хуыцау адӕмы кӕй уарзы (td 3Ӕ)
№ 4: Чырыстон адӕймаг цы хъуыддӕгты хъуамӕ лӕууа дунейӕ иуварс?
20 июнь Библи кӕсын: 3 Паддзахӕдты 1, 2 31 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй Йесо куыд пайда кодта (be 248 ф., 1 абз.)
№ 1: Цы дын ис, уымӕй разы у (w03 1.6. 8—11 фф., уыр.)
№ 3: Дӕсӕм фӕдзӕхст иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кодта?
№ 4: Библи — Хуыцауы удцырын Ныхас (td 10А)
27 июнь Библи кӕсын: 3 Паддзахӕдты 3—6 20 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы (be 248 ф., 2—4 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
4 июль Библи кӕсын: 3 Паддзахӕдты 7, 8 57 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Пайда кӕн картӕтӕ, конгрессы программӕтӕ ӕмӕ видеофильмтӕй (be 248 ф., 5 абз.—249 ф., 2 абз.)
№ 1: Аргъ кӕн ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн (w03 9 1.9. 30, 31 фф, уыр.)
№ 2: 3 Паддзахӕдты 8:1—13
№ 3: Йесо дунейыл куыд фӕуӕлахиз?
№ 4: Библи — абон дӕр ахады царды (td 10Ӕ)
11 июль Библи кӕсын: 3 Паддзахӕдты 9—11 85 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цӕстуынгӕ ӕрмӕг, бирӕ адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ (be 249 ф., 3 абз.—250 ф., 2 абз.)
№ 1: Йесо Чырысти зӕххыл кӕй цард, уый бӕлвырдгӕнӕнтӕ (w03 15.6. 4—7 фф., уыр.)
№ 2: 3 Паддзахӕдты 9:1—9
№ 3: Библи — чиныг алы адӕмыхӕттытӕн дӕр (td 10Б)
№ 4: Наркотикты уацарӕй фервӕзӕн ис Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ
18 июль Библи кӕсын: 3 Паддзахӕдты 12—14 70 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Алкӕимӕдӕр ӕмбаргӕ ныхас кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у (be 251 ф., 1—3 абз.)
№ 1: Хъуыдытӕй хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ фӕстиуджытӕм (w03 15.1. 30 ф., 1—3 абз., уыр.)
№ 3: Уырнындзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн зындзинӕдты сӕрты хизынӕн
№ 4: Ӕмкъайады цӕдисӕн хъӕуы аргъ кӕнын (td 5А)
25 июль Библи кӕсын: 3 Паддзахӕдты 15—17 95 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цӕмӕй ис райдайӕн (be 251 ф., 4 абз.—252 ф., 3 абз.)
№ 1: Куыд бамбарӕм, «цы у Хуыцауы фӕндон» (w03 1.12. 21 ф., 3 абз.—23 ф., 3 абз., уыр.)
№ 2: w03 1.8. 17 ф., 15—17 абз.
№ 3: Чырыстӕттӕ хъуамӕ кад кӕной хӕдзары хистӕрӕн (td 5Ӕ)
№ 4: Сыгъдӕг Фыстад чырыстӕттӕн ныфсы хос куыд у?
1 август Библи кӕсын: 3 Паддзахӕдты 18—20 91 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Кӕд хъӕуы ӕнцад байхъусын (be 252 ф., 4 абз.—253 ф., 1 абз.)
№ 1: Фӕсивӕд, Хуыцауӕн аккаг цы у, уый кӕнут (w03 1.11. 29 ф., 1—6 абз.)
№ 3: Чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон у бирӕ дыргъ хӕссын
№ 4: Чырыстон ныййарджытыл сӕ цоты раз ис хӕс (td 5Б)
8 август Библи кӕсын: 3 Паддзахӕдты 21—22 42 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Фарстытӕ дӕтт ӕмӕ ӕмбарын кӕн, хӕсс бӕлвырдгӕнӕнтӕ (be 253 ф., 2 абз.—254 ф., 2 абз.)
№ 1: Мӕгуырдзинадӕн кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн (w03 1.8. 4—7 фф., уыр.)
№ 3: fЧырыстон хъуамӕ йӕ цард баиу кӕна ӕрмӕстдӕр чырыстонимӕ (td 5В)
№ 4: Цӕмӕн хъуамӕ уӕм ныфсджын, ӕмӕ уыцы миниуӕг нӕ удыхъӕды куыд райрӕзын кӕнӕм?
15 август Библи кӕсын: 4 Паддзахӕдты 1—4 7 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕнцайынц Хуыцауы Ныхасыл (be 255 ф., 1 абз.—256 ф., 2 абз.)
№ 1: Лӕвар райстат — лӕвар дӕттут (w03 1.8. 20—22 фф., уыр.)
№ 2: 4 Паддзахӕдты 3:1—12
№ 3: Доны хъаймӕты размӕ адӕм афтӕ бирӕ цӕмӕн цардысты?
№ 4: Библимӕ гӕсгӕ цалдӕр усимӕ кӕнӕ цалдӕр лӕгимӕ цӕрӕн нӕй (td 5Г)
22 август Библи кӕсын: 4 Паддзахӕдты 5—8 86 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕмбаргӕ ныхас кӕн ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕсгӕйӕ (be 256 ф., 3—5 абз.)
№ 1: Уӕздандзинады дӕсниадыл ахуыр кӕнын (w03 1.8. 29—31 фф., уыр.)
№ 2: w03 1.8. 29 ф., 18—22 абз.
№ 3: Библийы Хицауы Ӕхсӕвӕры тыххӕй цы дзырдӕуы (td 8А)
№ 4: Ионӕ нын цавӕр хорз миниуджытӕй у бафӕзминаг?
29 август Библи кӕсын: 4 Паддзахӕдты 9—11 52 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Хӕсс, цас хъӕуы, уыйбӕрц бӕлвырдгӕнӕнтӕ (be 256 ф., 6 абз.—257 ф., 3 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
5 сентябрь Библи кӕсын: 4 Паддзахӕдты 12—15 78 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агур (be 258 ф., 1—5 абз.)
№ 1: Иегъовӕйы зӕрдиагӕй агурыс? (w03 15.8. 25—28 фф., уыр.)
№ 3: Фӕлмас цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
№ 4: Литургийӕ Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу (td 8Ӕ)
12 сентябрь Библи кӕсын: 4 Паддзахӕдты 16—18 85 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый базон (be 259 ф., 1—3 абз.)
№ 1: Цавӕр адӕймагӕй бахъуыды кодтой адӕм Йесойы? (w03 1.9. 4 ф., 6 абз.—6 ф., 8 абз.)
№ 3: Чырысти ӕрыздӕхдзӕн ӕнӕуынгӕ хуызы (td 44А)
№ 4: Куыд базонӕм, Хуыцауӕн фӕндон цы у?
19 сентябрь Библи кӕсын: 4 Паддзахӕдты 19—22 41 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Сӕ зӕрдӕты сын рӕсугъд ӕнкъарӕнтӕ хъал кӕн (be 259 ф., 4 абз.—260 ф., 1 абз.)
№ 1: «Хӕц раст ахуырады хуызӕгыл» (w03 1.1. 29 ф., 3 абз.—30 ф., 4 абз., уыр.)
№ 3: Чырыстийы ӕрыздӕхт базонӕн уыдзӕн бӕрӕг цаутӕй (td 44Ӕ)
№ 4: Рагон Смирнӕйы чи цард, уыцы чырыстон ӕфсымӕртӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
26 сентябрь Библи кӕсын: 4 Паддзахӕдты 23—25 35 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Адӕмы зӕрдӕты фидар кӕн Хуыцауы тас (be 260 ф., 2, 3 абз.)
№ 1: Библи ӕмӕ йӕ канон (bsi05 4-ӕм урок, 1—6 абз.)
№ 2: w03 1.9. 17 ф., 6 абз.—18 ф., 10 абз.
№ 3: Нӕ сомбонӕй стӕм ныфсджын
№ 4: Чи райгас уыдзӕн мӕрдтӕй (td 28А)
3 октябрь Библи кӕсын: 1 Паралипоменон 1—4 24 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цы аразӕм, уымӕ Иегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы (be 260 ф., 4, 5 абз.)
№ 1: Библи ӕмӕ йӕ канон (bsi05 4-ӕм урок, 7—16 абз.)
№ 3: Мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц уӕларвон кӕнӕ зӕххон цардмӕ (td 28Ӕ)
№ 4: Иегъовӕ нӕ алкӕйдӕр сӕрмагондӕй уарзы
10 октябрь Библи кӕсын: 1 Паралипоменон 5—7 87 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Адӕмӕн ӕххуыс кӕн сӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсынӕн (be 261 ф., 1—3 абз.)
№ 1: Библи ӕмӕ йӕ канон (bsi05 4-ӕм урок, 17—26 абз.)
№ 3: «Иегъовӕйы боны» тыххӕй цы зонӕм
№ 4: Йесо «бирӕты балхӕныны тыххӕй» радта йӕ зӕххон цард (td 4А)
17 октябрь Библи кӕсын: 1 Паралипоменон 8—11 89 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Разӕнгард кӕн зӕрдӕбын коммӕгӕсдзинадмӕ (be 261 ф., 4 абз.—262 ф., 3 абз.)
№ 1: Сыгъдӕг Фыстады дзуттаг текст (bsi05 5-ӕм урок, 1—5 абз.)
№ 3: Йесойӕн йӕ бон цӕмӕн уыд ахӕстаргъ бафидын (td 4Ӕ)
№ 4: Уӕздан ахаст кӕмӕ хъуамӕ дарӕм?
24 октябрь Библи кӕсын: 1 Паралипоменон 12—15 58 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Иегъовӕйӕн адӕмы зӕрдӕтӕ ссарынӕн ӕххуыс кӕнӕм (be 262 ф., 4 абз.)
№ 1: Сыгъдӕг Фыстады дзуттаг текст (bsi05 5-ӕм урок, 6—9 абз.)
№ 2: w03 1.11. 20, 21 фф., 10—13 абз.
№ 3: Иегъовӕйы номӕй цӕуын цы нысан кӕны
№ 4: Цы у тӕригъӕд (td 31А)
31 октябрь Библи кӕсын: 1 Паралипоменон 16—20 52 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Цы хъӕуы, цӕмӕй дӕ рӕстӕгӕй ма ахизай (be 263 ф., 1 абз.—264 ф., 4 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
7 ноябрь Библи кӕсын: 1 Паралипоменон 21—25 96 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Зӕрдӕмӕхъаргӕ фӕдзӕхсӕн ныхас (be 265 ф., 1—3 абз.)
№ 1: Сыгъдӕг Фыстады дзуттаг текст (bsi05 5-ӕм урок, 10—16 абз.)
№ 3: Адамы тӕригъӕды тыххӕй иууылдӕр цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц (td 31Ӕ)
№ 4: gЦӕй фӕрцы ис сфидар кӕнӕн ӕмкъайады цӕдис
14 ноябрь Библи кӕсын: 1 Паралипоменон 26—29 15 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Фӕдзӕхс уарзгӕйӕ (be 266 ф., 1—4 абз.)
№ 1: Сыгъдӕг Фыстады дзуттаг текст (bsi05 5-ӕм урок, 17—25 абз.)
№ 3: Цӕмӕн ӕфхӕрынц Иегъовӕйы адӕмы
№ 4: Цы уыди нӕфӕтчиаг дыргъ? (td 31Б)
21 ноябрь Библи кӕсын: 2 Паралипоменон 1—5 21 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Фӕдзӕхсӕн ныхас Сыгъдӕг Фыстады бындурыл (be 267 ф., 1, 2 абз.)
№ 1: Сыгъдӕг Фыстады дзуттаг текст (bsi05 5-ӕм урок, 26—31 абз.)
№ 3: Ӕмбар, зонд дын цӕмӕн амонынц
№ 4: hЦы у тӕригъӕд ракӕнд сыгъдӕг уды ныхмӕ (td 31В)
28 ноябрь Библи кӕсын: 2 Паралипоменон 6—9 45 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Дзурын «стыр уӕндондзинадимӕ» (be 267 ф., 3, 4 абз.)
№ 1: Сыгъдӕг Фыстады грекъаг текст (bsi05 6-ӕм урок, 1—7 абз.)
№ 2: w03 1.12. 27 ф., 3 абз.—28 ф., 6 абз.
№ 3: Иегъовӕ нӕ цин кӕй у, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын
№ 4: iЦы у сыгъдӕг уд (Хуыцауы комытӕф) (td 34А)
5 декабрь Библи кӕсын: 2 Паралипоменон 10—14 66 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕнӕмӕнг цӕмӕн у иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын (be 268 ф., 1—3 абз.)
№ 1: Сыгъдӕг Фыстады грекъаг текст (bsi05 6-ӕм урок, 8—16 абз.)
№ 3: Цӕмӕн нӕ хъӕуы Иегъовӕйы стыр хорзӕх
№ 4: Адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты царды тых хуыйны уд (дух) (td 34Ӕ)
12 декабрь Библи кӕсын: 2 Паралипоменон 15—19 65 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Сӕ зӕрдыл сын лӕууын кӕн, Иегъовӕ цы сарӕзта, уый (be 268 ф., 4 абз.—269 ф., 2 абз.)
№ 1: Сыгъдӕг Фыстады грекъаг текст (bsi05 6-ӕм урок, 17—25 абз.)
№ 3: jЦы у уд (душа) (td 35А)
№ 4: Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Йесойы бинонтӕй
19 декабрь Библи кӕсын: 2 Паралипоменон 20—24 89 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Ӕвдис, Иегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны (be 269 ф., 3—5 абз.)
№ 1: Сыгъдӕг Фыстады грекъаг текст (bsi05 6-ӕм урок, 26—32 абз.)
№ 2: w04 1.1. 8 ф., 13 абз.—9 ф., 15 абз.
№ 3: Цы дын ис, уымӕй разы куыд уай, уый зонын хорз цӕмӕн у
№ 4: kФыццаг чырыстӕттӕ нӕ кодтой гуырӕнбонтӕ ӕмӕ Цыппурс (td 9А)
26 декабрь Библи кӕсын: 2 Паралипоменон 25—28 47 зарӕг
Дзырдарӕхстдзинад: Бӕрӕг уӕд, Хуыцау ныртӕккӕ цы аразы, уый дӕхицӕн зӕрдӕрухсы хос кӕй у (be 270 ф., 1 абз.—271 ф., 2 абз.)
Дзургӕ фӕлхат
[Фиппаинӕгтӕ]
a Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
b Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
c Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
d Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
e Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
f Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
g Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
h Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
i Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
j Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.
k Цӕттӕ йӕ кӕны ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕр.